Ныр цалдæр боны Южныйы поселочы рæвдауæндон у афтид. Уый та уымæн æмæ бæстыхай сæхгæдтой цалцæггæнæн куыстытæ кæнынмæ. Зымæгон уазал бонты 71-æм рæвдауæндоны 167 хъомылгæнинаджы мадæлтæ сæ сывæллæтты кæдæм акæной, уый нæй.

Уавæр зонгæйæ, семæ фембæлдысты Парламенты депутаттæ æмæ поселочы администрацийы сæргълæууæг. Рахастой уынаффæ – рæстæгмæ сывæллæттæн бынæттæ иннæ рæвдауæндæтты скæнын.
Ацы бæстыхай арæзт ææрцыд 75 азы. Уæдæй абонмæ бындуронæй цалцæггонд нæ уыд. Уый та йыл æнæфæзынгæ нæ фæци.
Дзæуджыхъæуы администрацийы куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй ахуыргæнæндæтты цалцæггæнæн куыстытæн ацы аз радих кодтой 120 милуан сомы.
Тменаты Алексей, Дзæуджыхъæуы администрацийы ахуырады управленийы хицау: «Ныртæккæ Дзæуджыхъæуы цалцæг кæнынц 3 рæвдауæндоны. Исчи бафæрсдзæн, зæгъгæ, сæ зымæгон цæмæн кæнынц? Уый та уымæн æмæ ацы аз ахуырады къабазы объектты цалцæгæн радих кодтой 120 милуан сомы. Фæлæ се ппæты фаг нæ систы. Уымæ гæсгæ æнхъæлмæ кастыстæм, уæлæмхасæн æхца нын кæд радих кæндзысты, уымæ. Ныр нын сæ радтой æмæ дарддæр цалцæг кæнæм бæстыхæйттæ. Архайæм сæ ацы аз фæуыныл».
Фæстаг бонты мит уарын кæй райдыдта æмæ кæй фæуазал, уымæ гæсгæ уал цалцæггæнæн куыстытæ ныллæууыдысты. Фæлæ сæ абон ногæй райдайдзысты. Фæткмæ гæсгæ рæвдауæндон хъуамæ сцæттæ уа январы.
Зыхъуаты Жаннæ
