филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:07 суббота, 31 января 2026
10 ноября 2021, 12:55
Южныйы поселочы скъолайы систой аварийон уавæр æмæ ныртæккæ ахуыргæнæндон рахызтис раздæры куысты фæткмæ

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм — пъадвалы агъуыстытæм дон кæй ныхъхъардта, уый тыххæй Сергей Меняйлойы бардзырдмæ гæсгæ скъолайы расидтысты æнæнхъæлæджы уавæр

Южныйы поселочы скъолайы систой аварийон уавæр æмæ ныртæккæ ахуыргæнæндон рахызтис раздæры куысты фæткмæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм — пъадвалы агъуыстытæм дон кæй ныхъхъардта, уый тыххæй Сергей Меняйлойы бардзырдмæ гæсгæ скъолайы расидтысты æнæнхъæлæджы уавæр. Ныртæккæ цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ æрхæццæ сты. Горæты алминистрацийы ахуырады управленийы разамонæг Батырты Аслан куыд загъта, афтæмæй цæмæй пъадвал нывыл уавæрмæ æркæной, уый тыххæй спайда кодтой республикæйы разамонæджы резервон фонды æхцатæй. Уыдонæй балхæдтой электрон ифтонгарз æмæ телтæ схастой дыккаг уæладзыгмæ. Куыстытæ фæуыдзысты 25-æм декабрьмæ. Дзæуджыхъæуы администрацийы куыд бафиппайдтой, афтæмæй ныртæккæ архайынц проектон-сметон документаци саразыныл, цæмæй скъола бахæссой 2023-æм азы бындурон цалцæджы программæмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania