филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:20 суббота, 28 сентября 2024
21 мая 2021, 13:22
Южныйы цæрджытæн зæрдæ бавæрдтой, сæ актуалондæр фарстатæ алыг кæнынæй

Адæм фембæлдысты Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды депутаттимæ, æмæ сын равдыстой, бирæ азты цы уавæрты цæрынц, уыдон

Алцыдæр поселочы рæзтæн. Южныйы цæрджытæн зæрдæ бавæрдтой, сæ актуалондæр фарстатæ алыг кæнынæй. Адæм фембæлдысты Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды депутаттимæ, æмæ сын равдыстой, бирæ азты цы уавæрты цæрынц, уыдон. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Касаты Наирæ.

Длинодолинскийы уынджы цæрджытæ хъаст кæнынц доны хæрзхъæддзинадæй. Раздæр ам уыдис цæхæрадæтты æмбалад, баззади ма дзы æрмæстдæр дондзæуæн зæронд цъайтæ. Нæй дзы уарыны дæттæ кæдæм цæуынц, ахæм бынæттæ дæр. Къæвдаты фæстæ кæртытæ доны бын фæвæййынц.

Уæвгæ, Южныйы социалон къуылымпыдзинæдтæ бирæ ис. Поселочы уынгтæй иуы цæрджытæ сæ зæрдæ дарынц, кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм кæй рацæудзысты, ууыл. Ныр та уал цæрынц хъæдын хæдзæртты. Сæ царды уавæртæ сты хуыздæрхъуаг. Адæмæн сæ бон нæу сæ зæххы хæйттæ приватизаци скæнын дæр.

Къуылымпытæ ис спортивон æмæ сывæллæтты хъазæн фæзтимæ дæр. Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты уынджы сæ нæ цалцæг кодтой 18 азы. Нæй дзы рухсытæ дæр. Дондзæуæн каналы цур футболон фæзмæ зæрдæ хсайы æппæтæй фылдæр. Ныййарджытæ тæрсынц сабиты хъазынмæ ауадзын. Цæугæ дон дзы у арф, кæддæр дзы фыдбылызтæ дæр æрцыди.

Кусæг æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ, ныхас цæудзæн пос. Южныйы рæзты программæйы фарстатыл. Ныридæгæн зындгонд у, тагъд рæстæджы дзы спортивон комплекс кæй фæзындзæн, уый, сцалцæг кæндзысты сывæллæтты хъазæн фæзтæ, Бульварныйы уынджы та арæзт æрцæудзæн канализацион системæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania