филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:00 воскресенье, 17 августа 2025
26 мая 2014, 11:13
Зæрæмæджы ГЭС-ы æдасдзинады фарстатæ

Хъæзыбеджы хохæй цы ламидæттæ рацыдысты, уый мæты бафтыдта Цæгат Ирыстоны цæрджыты. Уæвгæ иууылдæр ма хорз хъуыды кæнынц 4 азы размæ республикæйы районты цы

Зæрæмæджы ГЭС-ы æдасдзинады фарстатæ
Хъæзыбеджы хохæй цы ламидæттæ рацыдысты, уый мæты бафтыдта Цæгат Ирыстоны цæрджыты. Уæвгæ иууылдæр ма хорз хъуыды кæнынц 4 азы размæ республикæйы районты цы донивылдтыты æрцыд, уыдон цы фæстиуджытæм расайдтой, уый. Уæд бирæтæ баззадысты æнæ хæдзæрттæй, фесæфт сæ фос æмæ сæ цæхæрадæтты фæллой. Фæстаг бонтæ къæвдаджын кæй сты, уый цæрджыты тыхсын кæны. Уыимæ ма тасы æфтауы, Зæрæмæджы ГЭС-ы цы дон æмбырд кæны, уый дæр.

Черчесты Хъæбатыр, Алагиры цæрæг: «Мæнæ ацы кулдуар гом кæнын нæ куымдта. Бæстæ донæй байдзаг. Кæрты ацæуæн нал уыд. Афтæ бирæ уыд æмæ фундаментнал зынд».

Цалдæр азы размæ Черсесты Хъæбатыры бахъуыд йæ хæдзар доны уацарæй ирвæзын кæнын. Алагиры районы цæрджытæ ма ныр дæр хорз хъуыды кæнынц, цъититæ тайын куы райдыдтой, æмæ ма цы тыхджын къæвдатæ цыд, уыдон цы фæстиуджытæм расайдтой, уый. Ацы мæй къæвдаджын кæй хæссы, уый сæ тыхсын кæны.

Æрæджы Хъæзыбеджы хохæй цы ламидæттæ рацыдысты, уый дæр сæ мæты бафтыдта. «Уæдæ Зæрæмæджы ГЭС-ы донæмбырдгæгæн нæ тæккæ фарсмæ кæй ис, уый цæрджытыл куыд фæзындзæн, уый нæ зонæм» – бафтауы ацæргæ нæлгоймаг.

Черчесты Хъæбатыр, Алагиры цæрæг: «Ныртæккæ æууæнук ницæуыл ис. Дон кæцæй нæ рацæудзæн, уый бæрæг нæу. Мæнæ æрæджы дæр Хъпазыбеджы хохæй цы дон ратыдта, уый цас фыдбылыз æрхаста? Æмæ мах дæр тæрсæм».

Зæрæмæджы ГЭС-ы кусджытæ та стыр донæй нæ тæрсынц. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй донмарæн у тынг фидар. Йæ бон у бирæ дон бауромын.

Тотраты Виталий, гом акционерон æхсæнад «Зæрæмæджы ГЭС»-ы генералон директор: «Проект чи кодта, уыцы институт дзы скодта æдасдзинады цалдæр къæпхæны. Нæ бон зæгъын у, цыфæнды фыдбылыз куы æрцæуа, цас фæнды дон куы рацæуа, уæддæр æй бауромдзыстæм. Стæй рæстæг куы фæхуыздæр уа, уæд æй сабыргай уаддзыстæм».

Ныртæккæ донæмбырдгæнæны ис 10 милуан кубометры дон. Уый та у, йæ бон цас æрæмбырд кæнæн ис, уымæн йе ртыккаг хай. Къæвдатæ куы фæуарынц, уæддæр доны æмвæзад бирæ фылдæр нæ фæвæййы. Зæгъгæ, Хъазыбеджы хохæй цы ламидон рацыд, иу ахæм ма уæлладжыры комыл рацыд, уæддæр адæмæн тас нæу. Гидроэлекторостанцæ йæ бауромдзæн. Æмæ ма бафтауынц, ГЭС дон куы нæ баурæдтаид, уæд 4 азы размæ Алагиры районы цы донивылд уыд, уымæн дæр йæ тых ноджы фылдæр уыдаид.

Тотраты Виталий, гом акционерон æхсæнад «Зæрæмæджы ГЭС»-ы генералон директор: «Уынут æй уæхæдæг æрдзон фыдбылызтæ арæх цæуын райдыдтой. Цалдæр боны размæ Хъазыбеджы хохæй цы дон рацыд, уыц æрæхгæдта фæндаг дæр. Йæ сæрыл ахаста бæстæ дæр. Йер мах донмарæнæн йæ бон бауромын у 20 ахæм ламидоны. Адæмæн æппындæр тас ницæмæй у. Мах алцæмæдæр нæ цæст дарæм, бæрæг кæнæм. Алцæмæдæр стæм цæттæ. Иу ныхасæй хъахъхъæнæм цæмæй дон мацы фыдбылыз æрхæсса адæмæн стæй фæндæгтæ ма бахъыгдара».

Специалисттæ æрвылбон бæрæг кæнынц доны æмвæзад. Алы ран дæр æвæрд æрцыдысты цæстдарæн камерæтæ æмæ æппæт информаци хæццæ кæнынц сæйраг пультмæ. Сæ хатдзæгтæм гæсгæ Алагиры цæрджытæн донивылдæй тас æппындæр нæу.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania