Баст уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азы бонимæ
Зæронд Бæтæхъойы хъæуы Плиты Иссæйы номыл скъолайы арæзт æрцыд патриотон мадзал. Баст уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азы бонимæ. Мадзал саразыныл бакуыстой Хетæгкаты Къостайы номыл наукон-культурон центр, фысджыты Цæдис, æхсæнадон организаци «Иудзинад» æмæ Рахизфарсы районы администраци. Скъолайы æфсæддон намысы залы æрæмбырд сты хъæуы хистæртæ, педагогтæ, ахуырдзаутæ æмæ хъæбатырты хæстæджытæ. Кадджын уазджыты хсæн ма уыдысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ. Хъæбатырты зарджытæ, æмдзæвгæтæ, ирон фысджыты уацмыстæй скъуыддзæгтæ, стæй ма зындгонд кафт Хонгæ. Уый уæлдай тынгдæр уарзта æфсады инæлар Плиты Иссæ. Патриотон мадзалы кæронбæттæны дидинджытæ сæвæрдтой Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр Плиты Иссæйы, Советон Цæдисы Хъæбатыртæ Ходы Константин æмæ Бзарты Георгийы бюстыты раз. Хæсты рæстæг Зæронд Бæтæхъойы хъæуæй мобилизацигонд æрцыдысты 250 адæймаджы. Уыдонæй 137-æй нал сæмбæлдысты сæ фыдыуæзæгыл. Ацы гыццыл хъæу нæ бæстæйæн радта Советон Цæдисы æртæ хъæбатыры.




