филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:02 суббота, 18 мая 2024
13 августа 2014, 12:06
Загребы уыдысты дунеон ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй æрыгæтты хсæн, не мзæххонтæ дзы сыздæхтысты уæлахизтимæ

Райгуырæн бæстæмæ – уæлахизимæ… Загребы уыдысты дунеон ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй æрыгæтты хсæн. Архайдтой цы цæгатирыстойнаг спортсментæ дæр Гогаты Георгий æмæ

73685

Райгуырæн бæстæмæ – уæлахизимæ… Загребы уыдысты дунеон ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй æрыгæтты хсæн. Архайдтой цы цæгатирыстойнаг спортсментæ дæр Гогаты Георгий æмæ Тускаты Алан.

Сæ дыууæ дæр систы уæлахиздзаутæ. Æмæ сыл кадджынæй сæмбæлдысты Беслæны аэропорты.

Æртæ чъирийы æмæ бæгæныйы къусимæ сыл сæмбæлдысты Цæгат Ирыстоны фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министрады минæвæрттæ, сæ хиуæттæ, хæстæджытæ, зонгæтæ, спортуарзджытæ …

Тренертæ нын куыд радзырдтой, афтæмæй Гогаты Георгий хæцыд æрдæгуæззау уæзы, Тускъаты Азæмæт та рог уæзы.

Æмæ сын æмбал нæ уыд. Цæгатирыстойнаг спортсментæ алкæддæр сæхи хорз равдисынц алыхуызон ерысты.

«Зæрдæ дарæн ис æрыгон спортсментæ хистæр кары спортсменты кад дæлдæр кæй не руаддзысты, ууыл» – зæгъынц тренертæ.

Гогаты Георгийы æмæ Тускъаты Азæмæты ерыстæм бацæттæ кодтой Тедеты Марик, Дзукъаты Кахабер, Махъоты Æхсар æмæ Лалыты Вадим.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania