филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:24 понедельник, 15 декабря 2025
05 мая 2014, 11:11
Заманхъулы байгом кодтой цыртдзæвæн хъæуы бындурæвæрæг Хъуысаты Бердæн

Стыр дур æвæрд æрцыд хъæумæ бацæуæны. Кадджын мадзалмæ æрæмбырд бирæ адæм: Хъуысаты мыггаджы минæвæрттæ, бынæттон цæрджытæ, стæй Заманхъулæй рацæуджытæ.

Заманхъулы байгом кодтой цыртдзæвæн хъæуы бындурæвæрæг Хъуысаты Бердæн
Стыр дур æвæрд æрцыд хъæумæ бацæуæны. Кадджын мадзалмæ æрæмбырд бирæ адæм: Хъуысаты мыггаджы минæвæрттæ, бынæттон цæрджытæ, стæй Заманхъулæй рацæуджытæ. Хъуысаты Берд службæ кодта Паддзахы æфсады. Прапорщикæн баргонд уыди, Шелковый путь кæй хуыдтой, уымæн йæ иу хаймæ цæст дарын. Фæстæдæр ам бындур æвæрд æрцыд Заманхъулы хъæуæн. Берды æрвадæлтæ: хотæ æмæ æфсымæртæ дæр æрбынæттон сты ам. Хъыгагæн, абоны онг хъæуы бындурæвæрæг, прапорщик Хъуысаты Берды хуызистытæ нæ баззадысты. Фæлæ бынæттон уæлмæрды ис йæ ингæн. Уырдæм фæцæуынц йæ фæдонтæ йæ ном ссарынмæ. Фидæны аз та Заманхъуылы цæрджытæ бæрæг кæндзысты сæ хъæуы 180 азы бон.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania