филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:14 суббота, 18 мая 2024
21 сентября 2021, 12:49
Заманхъулы байгом культурæйы Хæдзар

Æхсызгон цаумæ бынæттон цæрджытæ æнхъæлмæ кастысты 30 азæй фылдæр

Ацы бонты Заманхъулы байгом культурæйы Хæдзар. Æхсызгон цаумæ бынæттон цæрджытæ æнхъæлмæ кастысты 30 азæй фылдæр. Нырæй фæстæмæ хъæуы æрыгон фæлтæрæн фадат уыдзæн культурæмæ фæхæстæгдæр уæвынæн. Уыимæ – нырыккон бæстыхайы. Джыбызты Зæринæ радзурдзæн бæстондæр.

Заманхъулы культурæйы хæдзары байгоммæ бынæттон цæрджытæ æнхъæлмæ кастысты æртын азы бæрц. Зæронд клуб уыд аварион уавæры. Фæлæ алыхуызон секцитæ æмæ къордтæ сæ куыст нæ баурæдтой иу бон дæр. Ахуыртæ цыдысты бынæттон скъолайы актон залы. Ныртæккæ та культурæйы хæдзар у нырыккон домæнтæм гæсгæ арæзт. Уыимæ фæзынд, федералон программæ «Культурæ» æххæст кæнгæйæ.

Кæсæндон, административон бæстыхæйттæ, гримгæнæн уат æмæ дзаумæттæивæн. Уымæй дарддæр – æртæ сæдæ бынатæн концертон зал. Рахизфарсы районы культурæйы Управленийы хицау Хуыгаты Батразы ныхæстæм гæсгæ, культурæйы артдзæсты цæудзысты алыхуызон мадзæлттæ, куыд сывæллæттæн, афтæ хистæр кары адæмæн дæр.

Æрмдæсныйад, ирон фæндыр, адæмон инструментты оркестр æмæ вокалон къорд. Культурæйы хæдзары разамынд фæнд кæны кафты секци байгом кæнын дæр. Уымæн сæ хъæуы хореограф. Культурæйы хæдзар байгом кодтой Айларты Асæхмæты спектакль «Сау лæппу»-йæ. Уый уыд сæ хъæуыккаг режиссеры лæвар.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania