Йæ куыстытæ арæх вæййынц æппæтадæмон равдыстыты, форумты æмæ этнофестивальты
Хуымæтæг зæрдæмæдзæугæ архайдæй царды хъуыддагмæ. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар у Зассеты Алан – стæгимæ куысты æрмдæсны. Ныр цалдæр азы йе нæниздзинадмæ гæсгæ ис инвалиды коляскæйы, фæлæ йе сфæлдыстад нæ ныууагъта. Алан пайда кæны якты, дзæбидырты, къамбецты æмæ галты сыкъатæй. Йæ куыстытæ арæх вæййынц æппæтадæмон равдыстыты, форумты æмæ этнофестивальты. Йæ зонындзинæдтæ æнæвгъауæй лæвар кæны иннæтæн дæр. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Орнаменты нывæфтыдтæ, цымыдисаг формæтæ æмæ æрттивгæ тæмæнтæ. Ацы лыстæг хъуыддæгтæ саив кæнынц сыкъа. Алы дзаумайæн дæр ис йæхи фидауц. Æрмдæсны йæ скæны йæхи къухтæй. Зассеты Алан стæгимæ кусын раджы райдыдта. Рæстæгимæ хуымæтæг хоббийæ рауад царды хъуыддаг.
Зассеты Алан йæ куыстытæ кæнгæйæ нæ пайда кæны згъæрæй кæнæ ахорæнтæй. Æппæт тигътæ æмæ хуызтæ сты æрдзон æрмæг, сæ рæсугъддзинад сын æрмдæсны радих кæны. Куыд зæгъы, афтæмæй йын ахсджиаг у, раргом кæнын сыкъайæн йе ууæлтæ, уыдон та алы хатт вæййынц алыхуызон.
Фæлæ рæдыдтытæ не рлæууын кæнынц æрмдæсныйы. Хæлд куыстытæ Алан иуварс æрæвæры æмæ бавналы ногтæм, алы хатт дæр бафæлвары зындæр куыст скæнын. Уæвгæ, Алан куыд зæгъы, афтæмæй йын арæх æрмæг йæхæдæг бацамоны, цы кæнын хъæуы, уый.
Зассеты Алан йæ куыстыты бавæры йæ уды хъарм. Алкæцыйылдæр лæмбынæг бакусы. Фæнды йæ, цæмæй йæ конд дзаумæттæ æрмæст рæсугъд ма уой, фæлæ ма æвдисой чысыл Ирыстоны стыр истори дæр.




