Æрмдæсныйы фрезайæ сыкъатæн фæзыны формæ æмæ æрттывд
Æрæджы Дзæуджыхæъуы цы этнофестиваль «Рон» ацыд, уым уыдысты адæмон сфæлдыстады алыхуызон куыстытæ. Се *хсæн цæрæгойты сыкъатæй конд дзауматæ дæр. Скодта сæ Зассеты Алан. Нæлгоймагæн йе *нæниздзинад хъыгдард у, фæлæ йæ уый нæ бахъыгдæрдта йæ уарзон куыст кæнын.
Зассеты Аланы курдиаты фæрцы æрдзон æрмæгæй рауайы национ хуызы конд дзауматæ. Æрмдæсныйы фрезайæ сыкъатæн фæзыны формæ æмæ æрттывд. Иу цъар иннæйы фæдыл исгæйæ, раргом вæййы æцæг хуыз – зæгъæм, якы сыкъатæ сау сты, дзæбидырыуæттæн та вæййы алы хуызтæ.
Йæ низы тыххæй Зассеты Аланæн йæхи бон цæуын нæу. Фæлæ царды уарзон куыст ссардта. Æмæ ныр æдзух уымæй архайы. Куыд зæгъы, афтæмæй куыст ахæм цымыдисаг у, æмæ фынæй дæр нæ кæнид. Фæлæ йæ йе нæниздзинад нæ уадзы станокы раз бирæ рæстæг бадын. Йæ фарсмæ – йæ бинонтæ.
Зассеты Аланы куыстытæ æхсæнад фыццаг хатт федта национ музейы – этнофестиваль «Рон»-ы. Æрбахуыдта йæ мадзаларазæг Бзарты Аланæ.
Аивадуарзджыты цæст ахста æрдзон хуызтæ æмæ нывæфтыд формæтæ – æрмдæсны кæй скодта, уыдон.
Цалынмæ адæм йе сфæлдыстадимæ зонгæ кодтой, уæдмæ Зассеты Алан йæ æрмадзы йæ арæхстдзинад бæрзонддæр кодта.
Станоктæй Зассеты Алан бирæ нæ пайда кæны. Æрмæгимæ хуыздæр у къухæй кусын, зæгъы æрмдæсны. Йæ фарсмæ хæлд дзауматимæ къопп. Чысыл хъæндзинад дæр кæм вæййы, уыцы куыст аппары. Фидæнмæ Аланмæ бирæ фæндтæ ис.
Зассеты Алан бузныг у, йæ фарсмæ чи æрбалæууыд, уыдонæн се ппæтæн дæр. Операци кæнын ын куы хъуыд, уæд æм бирæтæ фæкастысты. Аланæн йæ ныфс нæ басаст, æмæ ма суанг ссардта царды уарзон хъуыддаг дæр.




