Сарæзтой йæ Уæрæсейы æхсæнадон палатæйы минæвæрттæ. Фарон майы цæуыл баныхас кодтой, уыцы бадзырд завод нæ сæххæст кодта.
Ныхас цæуы æппæт бæрæггæнæн постты кадмийы бæрц барыныл æмæ, завод уæлдæфмæ æппæтæй фылдæр зианхæссæг буаргъæдтæ кæм ракалы
Сарæзтой йæ Уæрæсейы æхсæнадон палатæйы минæвæрттæ. Фарон майы цæуыл баныхас кодтой, уыцы бадзырд завод нæ сæххæст кодта.
Ныхас цæуы æппæт бæрæггæнæн постты
кадмийы бæрц барыныл æмæ, завод уæлдæфмæ æппæтæй фылдæр зианхæссæг
буаргъæдтæ кæм ракалы, уыцы ран бæрæггæнæн-барæн аппаратурæ сæвæрыныл.
Дзуапп дæтгæйæ, «Электроцинчы» хицауы хæстæ æххæстгæнæг Игорь Хадыко
загъта, бадзырды тыххæй кæй ницы зыдта, уый. Æхсæнадон организациты
минæвæрттæ бадомдтой, цæмæй къаддæргонд æрцæуоæ хауæццæгтæ. Разамонæджы
ныхæстæм гæсгæ, фæстаг фараст азмæ хауæццæгтæ фæкъаддæр сты 4 хатты.
Уымæй уæлдай ма цинчы рауагъды бæрц фæкъаддæр иу æмæ `рдæг хаттæй
фылдæр, кадмийы рауагъды бæрц та дыууæ хатты. Дарддæр арæзт цæуынц завод
ногдзинæдтæй сифтонг кæныны мадзæлттæ. Уымæй уæлдай ма Уралы
хæххон–металлургон компанийы разамынд бахаста курдиат Уæрæсейы фæлхасады
управленимæ, цæмæй фæкъаддæр кæной санитарон зонæ. Фæлæ уый тыххæй семæ
не сразы сты. Лыггæнинаг фарстатæ банывыл кæныны тыххæй арæзт æрцыд
сæрмагонд куыстадон къорд. Архайдзысты дзы республикæйы хицауады, Уралы
хæххон–металлургон компанийы æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ.




