филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:00 суббота, 31 января 2026
01 августа 2019, 12:25
Завод «Электроцинчы» раздæры фæллойгæнджытæн Дзæуджыхъæуы арæзт уыд куысты армукъа

Йæ саразыны хъæппæрис сæвзæрд республикæйы 30 амалхъом адæймагмæ. Ис сæм 400 куысты бынаты.

Завод «Электроцинчы» раздæры фæллойгæнджытæн Дзæуджыхъæуы арæзт уыд куысты армукъа. Йæ саразыны хъæппæрис сæвзæрд республикæйы 30 амалхъом адæймагмæ. Ис сæм 400 куысты бынаты. Армукъа аразт уыд Металлургты культурæйы галуаны. Цавæр дæсныйæд дзы уыд ссарæн, уый тыххæй радзурдзæн Къутæрты Аидæ.

Армукъайы куысты бынæттæ агурынмæ æрбацыдысты 100 адæймагæй фылдæр. Уыдон сты Электроцинчы кусджытæ. Бирæтæн сæ хæстæ фыст нæма сты. Хæдарцаты Светланæ йæ бинойнагимæ фæкуыста 40 азæй фылдæр. Ныртæккæ куыст куы нæ ссара, уæд æнæ хæдзарæй баззайдзæн. Уымæй размæ райста ипотекæ, æмæ йæ хъæуы фидын. Ныртæккæ йæ исынц куыстуат «Радугæ»-мæ. Уыцы бынат ын радтой армукъайы.

Æнæ куыстæй чидæриддæр баззад, уыдон ныронг сты иу минæй фылдæр. Къамисы уæнгтæ архайынц, цæмæй куыстуат «Эленктроцинк»-æй чидæриддæр фæхауд, уыдонæн сæ уавæр баива. Ныртæккæ цæуы ныхас банкты разамонджытимæ, цæмæй æнæ куыстæй чи баззад, уыдонæн сæ хæстимæ исты æрхъуыды кæной. Къамисы сæргълæууæг у Икъаты Русланбег. Уый куыстуæттæн бабар кодта, цæмæй ацы хъуыддагмæ бæстонæй æркæсой.

Ацы армукъа арæзт у куыстуæтты разамонджыты хъæппæрисæй. Æртын куыстуаты дæттынц цыппар сæдæ бынаты.

Куыстуæтты разамонджытæ адæмæн зæрдæ бавæрдтой, кæй баххуыс кæндзысты ацы хъуыддаджы. Дæсны специалисттæ æнæмæнгæй алы ран дæр хъæуынц.

Ацы армукъа уыдзæн æрвылазон, зæгъынц йæ саразджытæ. Фидар хъуыды – хиуæтты нæ ныууадздзыстæм хъуамæ рапарахат уа, æнæ куыст чи у, уыдоныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania