20 июня 2025, 10:38
Заводскойы аразынц хъизæмаргæнæг æмæ дзæбæхгæнæг Пантелеимоны номыл аргъуан
Каркас ныридæгæн у конд
Заводскойы аразынц хъизæмаргæнæг æмæ дзæбæхгæнæг Пантелеимоны номыл аргъуан. Каркас ныридæгæн у конд. Специалисттæ сифтонг кодтой хъармгæнæн, бауагътой газ æмæ дон. Иннæ къæпхæн уыдзæн – купол сæвæрын. Ууыл ацæудзæн 3 милуан сомы. Аргъуаны сæргълæууæг – фыд Николай куыд радзырдта, афтæмæй сын куыстытæ фæуынæн фæрæзтæ нæ фаг кæнынц. 12 азы аргъуан арæзт цæуы уырнæг адæмы æмæ республикæйы цæрджыты мысайнæгтæй. Пантелеймоны сыгъдæг удæн адæм кад кæнынц суанг 12-æм æнусæй. Пантелеймон ахуыр кодта дохтыры дæсныйадыл. Лæвар дзæбæх кодта, æххуысмæ йæм -иу чи рбацыд, уыдоны се ппæты дæр. Чырыстийы йæ уырнынад кæй не сивта, уый тыххæй йæ амардтой 305-æм азы. Йæ ном ын фæмысынц 9-æм августы.
темæмæ гæсгæ




