25 марта 2020, 19:03
Заводскойы мемориалон фæйнæг байгом кодтой Захараты Русланæн
Фæйнæг æвæрд æрцыди, пъæлицæйы сержант цы хæдзары царди, уый къулыл
Заводскойы мемориалон фæйнæг байгом кодтой, ведомствæйы бæрны чи нæй, ахæм хъахъхъæнджыты службæйы раздæры кусæг, лæгдзинады ордены кавалер Захараты Русланæн. Фæйнæг æвæрд æрцыди, пъæлицæйы сержант цы хæдзары царди, уый къулыл. Кадджын мадзал бацæттæ кодтой Уæрæсейы национ Гвардийы æфсæдты бонмæ. Захараты Руслан фæмарди 1994-æм азы, августы. Базарадон залы тох кодта фыдгæнæджы ныхмæ. Йæ арæхстдзинады фæрцы йе *мкусджытæ хъыгдард нæ баййæфтой, фæлæ йæхæдæг фæмарди рæмудзæн æрмæджы схъистæй.




