филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:35 суббота, 31 января 2026
19 июля 2019, 15:34
Заводскойы поселочы æрцыд фыдбылыз

Бындзарæй дзы басыгъд цæрæн хæдзар

Заводскойы поселочы æрцыд фыдбылыз. Бындзарæй дзы басыгъд цæрæн хæдзар. Йæ аххосаг – электрон тых цæхгæр кæй фæфылдæр, уый. Цы зиан æрхаста, æмæ цавæр æххуысмæ сæ бон у æнхъæлмæ кæсын, уый базоныныл бацархайдта Моргуаты Ладæ.

Годжыцаты Дмитрий йæ царды дыккаг хатт баззад æнæ хæдзарæй. 90-æм азты Гуырдзыйæ куыд ралыгъдысты сæ райгуырæн бæстæмæ, уым ныууагътой хæдзар æмæ дыргъдонимæ цæхæрадон, ам та, Заводы поселочы цæхæрадæтты æмбалад «Локомотив»-ы хи къухæй дургай аразын райдыдтой ног цæрæнуат. Афтæмæй 10 азы дæргъы бинонтæ цардысты алцæуыл фæстауæрцгæнгæйæ. Ацы азы майы та сæ хæдзар басыгъд.

Зынгхуыссынгæнджытæ рæвдз куы нæ фæзындаиккой, уæд арт ахæлиу уыдаид сыхæгты хæдзæрттыл дæр. Æнæнхъæлæджы цауты министрады куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй зынгсирвæзт æрцыд, электрон тых æвиппайды бирæ кæй радтой, уый аххосæй. Уыцы бон бирæтæн сæ техникæ дæр басыгъд. Фæлæ Годжыцатæ зын сахат иунæг не сты. Сæ фарсмæ æрбалæууыдысты сæ сыхæгтæ дæр

Чи ратдзæн дзуапп ацы цауæн, чи сын баххуыс кæндзæн? Ацы хъуыддаджы бирæ фарстатæ ис. Хи хъаруйæ ногæй хæдзар самайын сæ бон нæ уыдзæн, зæгъы Дмитрий. Æнæниздзинад ныр цудыд у. Йæ цардæмбалмæ дæр фæзынд сæкæрниз.

Энергетиктæ сæхирдыгæй æмбарын кæнынц.

Æмбалады разамынды сæвзæрд уавæры тыххæй дзуапп дæттынц офицалон гæххæтмæ гæсгæ. Загъд дзы ис, 2009-æм азæй Промышленнон тæрхондон рахаста уынаффæ, «Локомотив»-ы администрацийæн барлæвæрд кæй нæй электрон хызæджы хæдзарадæй пайда кæнынæн.

Адвокат Хъуппеты Миланæ ахæм фарстатæ иу æмæ дыууæ хатты не взæрста. Йæ лæггад сын у лæвар. Адвокатты палатæйы та зæгъынц, хъæуы тæрхондонмæ бадæттын.

Годжыцаты Дмитрий 2-аг мæй цæры кæрты. Цин кæны, сæ сара кæй нæ басыгъд, ууыл. Хъæдæрмæджы хæдзары дзаумæттæ æмæ техникæйæ сæ сифтонг кодтой сыхæгтæ. Ныртæккæ йæ цардæмбал сæ чызгимæ республикæйы не сты. Ацыдысты дохтырты æххуыс райсынмæ. Дмитрий баззад йæ хъæбулы хъæбултимæ. Уыдон сæ цæст дарынц сæ дадайы æнæниздзинадмæ. Афтæмæй æрвитынц сæ каникултæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania