Сыгъдæг Пантелеймоны кадæн аргъуан дзы аразынц зæрдæхæлар адæмы мысайнæгтæй
Заводскойы поселочы ныр 12 азы цæуы адæмон арæзтад. Сыгъдæг Пантелеймоны кадæн аргъуан дзы аразынц зæрдæхæлар адæмы мысайнæгтæй. Чи æххуыс кæны, уыдоны хсæн сты нывгæнджытæ, уырнæг адæм æмæ хуымæтæг кусджытæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Нæдæр арæзтадон хъæдтæ, нæдæр дзуары нывтæ кæй нæй, уый нæ хъыгдары адæмы ам кувын. Куыд зæгъынц, афтæмæй кæд аргъуан кæронмæ арæзт нæма у, уæддæр дзы æнкарынц уæларвон тых. Уый сæ æрбакæны ацы бынатмæ æрвылбон.
Сыгъдæг Пантелеймоны кадæн аргъуаны арæзтад у æнæхъæн истори, алы дур дæр æвæрд у уырнындзинадимæ æмæ ныфсимæ. Бæстыхай аразын райдыдтой нырма 12 азы размæ. Уыцы рæстæгмæ бантыст æххæстæй сæмбырд кæнын каркас, самал кæнын хъармгæнæн, бауадзын газ æмæ дон. Æмæ уый алцыдæр зæрдæхæлар адæмы хъарутæй.
Куыст ма бирæ ис. Ардæм чи æрбацæуы, уыдонæй алчидæр архайы баххуыс кæныныл. Сæ хыгъды сты аивады минæвæрттæ дæр. Республикæйы сгуыхт нывгæнæг Айларты Таймуразæн ацы хъуыддагмæ æвæрæн бахæссын у ахсджиаг нысан.
Арæзтад куы фæуа, уымæ æнхъæлмæ кæсы Айларты Таймуразы чызг Олланæ дæр. У дзуары нывтæ аразæг. Заводскойы, ныр аргъуан кæм лæууы, уыцы уынджы раз цæры йæ райгуырдæй фæстæмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй аргъуаны дзæнгæрджыты зæлтæм райхъал уæвын у йæ бæллиц. Цалынмæ бæстыхай аразынц, уæдмæ чызг хъуыды кæны йæ мидаивдзинадыл.
Фæлæ уал хъæуы æххæстæй фæуын аргъуаны арæзтад. Фæрæзтæ кæй нæ фаг кæны, уымæ гæсгæ, уый зын у. Фæлæ адæмы уырны, иумæйаг хъарутæй ацы бынат хæстæгдæр рæстæг йæ ног хуыз райсдзæн.




