филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:20 суббота, 28 сентября 2024
09 июня 2021, 14:07
Заводскойы рæвдауæндонмæ фæндаг адæмæн æвзарын кæны зындзинæдтæ, уымæн æмæ Эльхотовскийы уынджы нæй къахвæндаг

Сабитæн æмæ сæ ныййарджытæн æндæр гæнæн нæ вæййы, æмæ сæ фæндаг акæнынц, машинæтæ кæуылты цæуынц, ууыл

Заводскойы поселочы рæвдауæндонмæ фæндаг адæмæн æвзарын кæны зындзинæдтæ, уымæн æмæ Эльхотовскийы уынджы нæй къахвæндаг. Сабитæн æмæ сæ ныййарджытæн æндæр гæнæн нæ вæййы, æмæ сæ фæндаг акæнынц, машинæтæ кæуылты цæуынц, ууыл. Афтæмæй та æдасдзинадыл дзурæн нæй. Куыд ис фарста алыг кæнæн, уый тыххæй радзурдзæн Сосранты Жаннæ.

Заводскойы 84-æм рæвдауæндоны хъолмылгæнинæгтæ «Дæ райсом хорз»-æй бæргæ райдайынц. Фæлæ сæ ныййарджытæ та, цæмæй сæ сабиты хъæлдзæгæй сæмбæлын кæной рæвдауæндоныл, уымæй алы райсом дæр се нкъарæнтæй хуыздæртæй нæ вæййынц. Рæвдауæндонмæ къахвæндаг кæй нæй, уымæ гæсгæ сæ цæуын фæхъæуы трассæйыл, машинæтæн фæндаг дæтгæйæ. Уæлдай зындзинæдтæ сын æвзаргæ рауайы къæвда бон. Канд машинæтæй уæлдай ма сæ сæхи дæр æмæ сæ сабиты дæр хъахъæнын хъæуы фæндагæй сыл чъизи дон цæмæй ма æрбапырх кæна, уымæй. Поселочы цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, фистæгæйцæуджытæн дзы сæрмагонд фæндаг кæй нæй, уый сын стыр зындзинæдтæ æвзарын кæны.

Дзугаты Симæ уагдонæн разамынд дæтты 90-æм азтæй фæстæмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, раздæр ацы хъуыддаг фарстайаг нæ уыд. Куыд зæгъы, афтæмæй Елхотаг уынджы цалцæджы рæстæг æппæт транспорт æмæ маршрутон такситæ цыдысты Аразджыты номыл фæндагыл. Ныр, иууылдæр цæуынц ног цалцæггонд фæндагыл, рæвдауæндоны цурты. Уый та, æнæмæнг, зындзиндтæ æййафын кæнын цæрджытæн.

Тротуар кæй нæй фæндагыл, уымæ сæ цæст æрдардтой паддзахадон автоиспекцийы дæр. Цæмæй ацы фарста лыггонд æрцæуа цыбыр рæстæгмæ, уый тыххæй амынддзинæдтæ арвыстой Дзæуджыхъæуы администрацимæ.

Бынæттон администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй ам дæр ацы фарста цæхгæр лæууы, æмæ йыл хъуамæ куыст æрцæуа. Уæвгæ, фæндаджы рацарæзтыл архайынц афæдзы райдианæй. Ацы уынджы уал фæзынд ног тротуар. У скъоламæ бацæуæны.

Гиголаты Батраз карзæй загъта, цыбыр æмгъуыдмæ адæмы курдиат æххæстгонд кæй æрдзæудзæн, æмæ рæвдауæндонмæ тротуар кæй скæндзысыты, уый. Йæ ныхæстæм гæсгæ, горæты фæндаггон фонды специалисттæ ацы къуыри бавналдзысты куыстытæ аразынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania