филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:15 суббота, 28 сентября 2024
03 июня 2020, 16:54
Зджыды сбæрæг кодтой Алардыйы бæрæгбон

Цæмæй рын æмæ æндæр низæй хызт уой, уый тыххæй рагæй æрæгмæ ирон адæм куывдтой Алардыйы бардуагмæ. Бирæ кæмтты йæ номыл ис кувæндæттæ. Сæ иу Зджыды. Æрвылаз ам вæййы бæрæгбон. Фæлæ ныр дæр, уавæр хынцгæйæ, адæм ссыдысты, цæмæй сæхи æмæ сæ кæстæрты, Ирыстоны цæрджыты бафæдзæхсой æмæ низæй хызт уой. Куывдæн æвдисæн уыд не сфæлдыстадон къорд дæр.

«Алардыйы дзуар Ирыстоны цæрджытæн ахæм кадджын у, æмæ йæ адæм тыхсын кæнын дæр нæ уæндыдысты æмæ нæ уæндынц», зæгъынц ахуыргæндтæ. Уæвгæ та ацы дзуары тыхыл дызæрдыг ничи кæны. Иу æмæ дыууæ æнусы йæм нæ куывтой æмæ кувынц Ирыстоны цæрджытæ.

Нæ республикæйы Алардыйы дзуарæн ис цалдæр куывддоны, сæ рагондæртæй иу ис Зджыды. Историктæ куыд банымадтой, афтæмæй йæм кувынц 17-æм æнусæй. Уæдæй дзы  æрцыд ивдзинæдтæ.

Рагæй æрæгмæ Зджыды цардысты Æгъуызартæ, Томæтæ, Цæгæратæ æмæ Габолатæ. Рæстæджы цыдимæ мыггæгтыл бафтыд, фæстæдæр та, рацарæзты рæстæг, стæм бинонтæ нæ бафæрæзтой хохы зынвадæттæн, ацыдысты быдыры хъæутæм хуыздæр цард агурæг. Æрмæст Алардыйы дзуары бонты æрбамбырд вæййынц æмæ саразынц иумæйаг куывд. Бафæдзæхсынц сылгоймæгты æмæ кæстæрты.

Ныртæккæ кæд бирæ æгъдæуттæ ивд æрцыдысты, уæддæр кæстæрты низæй бафæдзæхсын, уæлдай дæр та абон уавæрты у æнæнмæнг æххæстгæнгæ хъуыддаг

Алардыйы куывддонимæ баст истори ам хорз зонынц, уымæ гæсгæ æууæндынц, хистæры куывд сыл кæй сæмбæлдзæн, æмæ дзуар сæ кæстæрты  низæй кæй бахиздзæн. Æмæ та ныл фидæны кæй скæндзæн рæсугъддæр. Бирæ æнусты дæргъы зын сахат нæ фыдæлтæ æххуыс агуырдтой. Бон цæуы æмæ фарн хæссы, фæзæгъынц.

Фæрнæйдзаг бонтæ кæй ралæудзысты, ууый та уыдзæн æнæмæнг. Æмæ та цъæхарвы бын адæм æдæрсгæйæ кæй цæудзысты кæрæдзимæ, кæй уыдзæн дуне сабыр, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania