Йæ архайджытæ – уæлæмхасæн ахуырады кусæнуæтты, стæй колледжты æмæ техникумты ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ
Жуковскийы номыл парчы арæзт æрцыд хæрзаудæн армукъа «Формула добра». Йæ архайджытæ – уæлæмхасæн ахуырады кусæнуæтты, стæй колледжты æмæ техникумты ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ. Цы фæрæзтæ æрæмбырд кодтой, уыдон æрвыст æрцæудзысты, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы, уыцы хæстонтæн æххуысы фондмæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Хикъухтæй конд цымыдисаг дзауматæ, заз бæлас аивгæнæн хъазæнтæ, сувениртæ, хæдзары конд продукттæ. Уымæй дарддæр ма концертон программæ кæфтытимæ æмæ зарджытимæ. Армукъа «Формула добра»-йы, бæрæгбоны зæрдæйы ахаст цæмæй сæвзæра, уымæн алцыдæр ис. Мадзалмæ æрбахуыдтой, се *нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сывæллæтты алыхуызон сфæлдыстадон иугондтæй. Зæрдиагæй бацархайдтой армукъайы. Кæронбæттæны сын ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав скодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.
Армукъайы рæзгæ фæлтæрæн сарæзтой дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Сывæллæттæ федтой, хи къухтæй алыхуызон дзауматæ куыд кæнгæ сты, æмæ ацы хъуыддаджы сæхи дæр бафæлвæрдтой.
Армукъайы уыдысты республикæйы уæлæмхасæн ахуырады æппæт кусæнуаттæй сывæллæттæ. Баиу сæ кодта ахсджиаг нысан. Мадзалы цы фæрæзтæ сæмбырд, уыдон æрвыст æрцæудзысты, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы, уыцы хæстонтæн æххуысы фондмæ. Армукъайы ма хæрзаудæн фонд «Быть добру»-имæ арæзт æрцыд гуманитарон æххуыс æмбырд кæныны пункт.
Мадзал арæзт æрцыд ахуырады æмæ наукæйы министрады хъæппæрисæй. Æдæппæтæй армукъайы æрæмбырд 200 мин сомы бæрц.




