филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:21 суббота, 28 сентября 2024
03 июня 2021, 13:54
Журнал «Ирæф»-ыл сæххæст 30 азы

Йæ юбилейон аз цы цымыдисаг æрмæджытæ мыхуыр кæнынмæ хъавы

Царды домæнтимæ æмдзугæнæг журнал «Ирæф»-ыл сæххæст 30 азы. Йæ юбилейон аз цы цымыдисаг æрмæджытæ мыхуыр кæнынмæ хъавы, уыдон æлкæмæн дæр уыдзысты стыр лæварау. Бæстондæр журналы царды хабæрттæ базыдта Сосранты Жаннæ æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Республикæйы литературон-аивадон журнал «Ирæф»-ы фидæныл зæрдиагæй, æзты дæргъы чи кусы, уыцы Скъодтаты Эльбрус æмæ Колиты Виталий алы номырыл дæр бакусынц биноныгæй, журнал кæсæджы зондахастыл хъуыды кæнгæйæ.

Канд ацы номыр нæу цымыдисаг, фæлæ алы хатт дæр редакцийы кусджытæ бацархайынц, цæмæй æххæст уа алыхуызон темæтимæ баст æрмæджытæй.

Кæд абон журнал йæ фыццаг номырæй хицæн кæны, йæ бæзджындзинадæй, уæддæр йæ сæйраг нысан баззад раздæрау – адæмы аккаг уæвын.
Уæвгæ, иу хатт Ирæф чи рафысса, уый йыл дарддæр дæр стырзæрдæ нал суыдзæн. Афтæ Гадзауты Зойæ журналы фарсмæ ис 30 азы дæргъы.

Журналы сæйраг редакторы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ мыхуыры фæрæзæн цы уавæртæ æмæ гæнæнтæ ис, уымæй разы сты.

Уæвгæ журнал æртын азмæ æхсæнады йæ бынат ссардта. Йæ уарзон кæсджыты фæрцы йæм ис ныфс дарддæр æнтыстджын къахдзæфтæ кæнынмæ.

Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ ацы периодикон фæрæз царды домæнтимæ æмдзу кæй кæны. Ацы аз, журналы юбилейон аз цы цымыдисаг æрмæджытæ мыхуыр кæнын зæрды ис, уыдон æлы бинонтæн дæр уыдзысты стыр лæварау. Фидæны журналы коллективы ноджы зæрдæргъæвддæр куыст та аразгæ у йæ рафысджытæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania