Ацы цаумæ хъæуы цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Бæрæгбонмæ æрбацыдысты республикæйы разамынды, Рахизфарсы районы администрацийы, æхсæнадон организациты æмæ Дзæрæхохты мыггаджы минæвæрттæ.
Дзæрæхохты Георгий: «Дзæрæхохты Хадзымураты тыххæй æз мæ сабийы бонтæй хъуыстон. Уый тыххæй мын дзырдта мæ фыд, мæ фыды фыд».
Зилгæйаг лæппуйы цардвæндаг æнцон нæ разынд. 1906-æм аз Дзæрæхохты Хадзымурат куыстагур ацыд дард бæстæмæ. 7 азы фæллой кодта Мексикæйы, Аляскæйы, Америкæйы Иугонд штатты, фæлæ йæ хъуыддæгтæ размæ нæ цыдысты. Йæ Райгуырæн зæхмæ куы æрыздæхт, уæд сси фыццаг дунеон æмæ граждайнаг хæстыты архайæг. Бæхты кавказаг дивизийы хыгъды йæхи равдыста хъæбатырæй. Тох кодта урсгвардионты æмæ англисаг-америкаг интервентты ныхмæ. Йæ хæстон æнтыстдзинæдты тыххæй хорзæхгонд æрцыд Георгийы 2 дзуарæй æмæ Сырх Тырысайы орденæй. Йæ кадджын хистæры ном сæнусон кæныны хъуыды Дзæрæхохты Станиславмæ рагæй уыд, æмæ ныр уыцы хъуыддаг йæ къухы бафтыд.
Дзæрæхохты Станислав: «Иу 2 азы размæ райдыдтон уыцы хъуыддаг æххæст кæнын. Æнцон нæ уыд, фæлæ мæм мæ хæлæрттæ фæкастысты уый».
Дзæрæхохты Хадзымураты цардвæндаджы тыххæй дзуры режиссертæ Юрий Чулюкины æмæ Дзбойты Батырбеджы киноныв «Жизнь, ставшая легендой». Сæйраг хъайтары сурæт дзы сарæзта Дагун Омаев. 60-æм азтæ хъуыдыгæнгæйæ, Уæрæсейы адæмон артист дзуры, киноныв цы зын уавæрты истой, уый тыххæй. Фæлæ йын уæддæр, йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы ролæй зынаргъдæр нæй йæ карьерæйы.
Зилгæйы цæрджытæн ацы цау сси æцæг бæрæгбон. Сæ номдзыд æмзæххоны кад хистæртæ хорз хъуыды кæнынц. Ныр та ма Дзæрæхохты Хадзымураты сгуыхтдзинадимæ базонгæ уæвыны фадат уыдзæн Зилгæйы æрыгон фæлтæрæн æмæ уазджытæн.
Граждайнаг хæсты хъæбатыры ном хæссы Дзæуджыхъæуы уынгтæй иу. Ахæм уынг ис Архангельскы облæсты, горæт Шенкурскы дæр. Гæнæн ис, æмæ хæстæгдæр фидæны Дзæрæхохты Хадзымураты уынг фæзындзæн йæ райгуырæн хъæуы дæр».
Хъайтмазты Дзерассæ




