филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:47 понедельник, 01 июля 2024
01 марта 2022, 14:02
Зилгæйы æрлæууыд фæндаггон сервисы объектты арæзтад

Фæлæ арæзтадон бардæттæг гæххæтыттæ нæй

Республикæйы районты æнтыстджынæй рæзы фæндаггон сервис. Фæзындысты ног фæлладуадзæн базæтæ, дуканитæ, хæрæндæттæ, артаджы станцæтæ. Туристтæн æмæ шофыртæн уый хæссы удæнцойдзинад. Уымæй дарддæр ма ахæм бизнесы фæрцы фæзынынц ног куысты бынæттæ. Радон комплекс нысан кæнынц Зилгæйы саразын. Фæлæ арæзтадон бардæттæг гæххæтыттæ нæй. Цæмæн афтæ рауад, уый базоныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр Бокоты Виктория.

Фæндаггон сервисы объектты æххæст комплекс Алыккаты Алан нысан кæны Зилгæйы трассæйы фарс саразын. Уыцы фæндтæ йæм фæзындысты 2019-æм азы. Уæд амалхъом адæймаг æмбæлгæ гæххæттытæ балæвæрдта районы администрацимæ. Арæзтадон куыстытæн ын бар радтой. Цавæрдæр конструкцитæ æвæрд æрцыдысты. Уый фæстæ бæрнон адæм сæ уынаффæ аивтой.

Аххосæгтæй иу уыд уый, æмæ Зилгæйы цæрджытæ ацы хъуыддагимæ не сразы сты. Комплексы хыгъды ис артаджы станцæ дæр, æмæ уый ныхмæ сты бынæттон адæм. Багаты Цисанæ ам цæры 20 азы онг, йæ хæдзар та ис ног объекты тæккæ фарсмæ.

Цисанæйы сыхаг Биджелты Вадим та рахæцыд ног арæзтады фарс. Куыд зæгъы, афтæмæй йæхæдæг дæр куыста объекты, ныр та йын ахæм фадат нал ис.  

Арæзтадон участок ис амалхъом адæймаджы исбоны. Фæлæ хъуыддагыл та йæ бон йæ бартæй спайда кæнын нæу, кæд æмæ æппæт документаци цæттæ у, уæддæр, æмбæлгæ уагыл сты æдасдзинады нормæтæ дæр. Никæйы бартæ хъыгдары, закъон æххæст кæны. Уыцы рæстæг та – 2 азы куыст размæ нæ цæуы. Бизнесмен йæ курдиатимæ бацыди омбудсменмæ. Республикæйы амалхъомадæмы бартæ хъахъхъæныны æххæстбарджын минæвар бабæрæг кодта объект. Медойты Тимур фембæлд районы администрацийы минæвæрттимæ дæр. Рахизфарсы районы администрацийы специалисттæ загътой сæ хъуыдытæ. Арæзтады ныхмæ не сты, фæлæ сæ хъус дарынц Зилгæйы цæрджыты курдиæттæм.

Зилгæйы цы уавæр сæвзæрд, уый ныртæккæ æнхъæлмæ кæсы тæрхондоны уынаффæмæ. Аразæг йæ зæрдæ районы администрацийыл нал дары. Æнхъæлмæ кæсы, амалхъом адæмы бартæ хъахъхъæнæджы æххуысæй уавæр кæй аивдзæн, уымæ.

Районы администрацийы дæр зæгъынц, проект æххæстгонд куы рцæуа, уæд баххуыс уыдзæн хъæуы кусæн бынæттæ раттынæн дæр, стæй муниципалон сконды æмтгæй райсгæйæ, чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинады рæзтæн дæр. Ныртæккæ районы хъæутæн арæзт цæуынц генералон пълантæ, сæйраг бынат дзы ахсы федералон трассæйыл фæндаггон сервисы арæзтад, уыимæ, Зилгæйы дæр. Медойты Тимур куыд загъта, афтæмæй ахæм уавæртæ, стæй амалхъомдзинады рæзтæн цæлхдуртæ æвæрыны хъуыддæгтæ республикæйы сарæх сты.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ амалхъом адæймаг у ацы хъæуæй рацæуæг. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ фæнды, цæмæй иууылдæр иу хъуыдымæ æрцæуой, æмæ хъуыддаг алыг кæныныл алчидæр уа разы. Цæттæ у Зилгæйы æндæр социалон проекттæ сæххæст кæнынмæ. Се хсæн – сывæллæттæн хъазæн фæз саразын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania