Байаты Иван цалдæр азы размæ йæ зæххы хайы сæвæрдта хъæрмуат
Зилгæйы фæзынд, абарæн кæмæн нæй, ахæм экзотикон дыргъдон. Байаты Иван цалдæр азы размæ йæ зæххы хайы сæвæрдта хъæрмуат. Фыццаг дзы зайын кодта æрмæст банантæ, ныр та дзы ис папайя, киви, питахайя, мандаринтæ æмæ æндæр экзотикон дыргътæ. Цымыдисаг цæхæрадоны хицауы фæндты ис дыргъты номхыгъд ноджыдæр фæуæрæхдæр кæнын. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Æцæг тропикон дыргъдон хи хæдзары. Мандаринтæ, банантæ, папайя, дуриан, питахайя, киви æмæ æндæр диссаджы дыргътæ йæ зæххы хайы сæрмагонд хъæрмуаты зайын кæны Байаты Иван. Ам экзотикон зайæгойтæн ис æппæт хъæугæ уавæртæ. Иван куыд зæгъы, афтæмæй хъæууон хæдзарад йæ царды сæрмагонд бынат ахсы, уымæ гæсгæ лæмбынæгæй æмæ æхсызгонæй зилы йæ диссаджы дыргъдонмæ.
Цæгат Ирыстоны Иван цæры æрмæст 6 азы. Уыдонæй 5 кæны экзотикон дыргъты куыст. Ацы хъуыддагмæ цымыдисдзинад æм æнæнхъæлæджы сæвзæрд. Райдыдта банантæй. Хъæрмуаты уыдон æппæтæй фылдæр бынат ахсынц. Зайынц тагъд. 2 азы, æмæ хъæздыг тыллæгæй цæст райы.
Экзотикон дыргътæ зайын кæнын зын нæу, зæгъы Байаты Иван. Сæйрагдæр у, зонын куыд сæм зилын хъæуы, уый, адæймагмæ хъуамæ уа фæразондзинад æмæ энтузиазм. Иваны бæллиц у æнахуыр дыргъты æппæт хуызтæ æрзайын кæнын æмæ хъæрмуат фæуæрæхдæр кæнын, цæмæй тропикон культурæтæн сараза æцæг джунглиты уавæртæ, æмæ экзотикæ чи уарзы, уыдонæн экскурситæ кæна.
Ацы куыст Байаты Иваны цард бындуронæй аивта. Сразæнгард æй кодта йæ размæ стыр нысантæ сæвæрынмæ, æмæ йæм ис, æнæмæнг йæ къухы кæй бафтдзысты, уый ныфс.




