филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:55 пятница, 11 июля 2025
14 мая 2014, 11:08
Змейкæйы цæрæг Годжыцатæ нымад сты фæкæсынхъуаг бинонтыл

Фарон сын хæдзар балхæдта сæ районы администраци. Уымæн æмæ сæ зæронд цæрæн бынат басыгъди. Ног хæдзар у стыр, фæлæ дзы цæрыны уавæртæ æппындæр нæй. У бæстон базилинаг

Фарон сын хæдзар балхæдта сæ районы администраци. Уымæн æмæ сæ зæронд цæрæн бынат басыгъди. Ног хæдзар у стыр, фæлæ дзы цæрыны уавæртæ æппындæр нæй. У бæстон базилинаг æмæ цалцæггæнинаг. Фарон Годжыцатæн 30 мин сомæй материалон æххуыс бакодта фæллойы æмæ социалон рæзты министрад. Балхæдтой дзы аразæн æрмæджытæ. Фæлæ ма сæм бакусинæгтæ бирæ ис.

Годжыцаты бинонты дон хæссынмæ цæуынц бон цалдæр хатты. Хъæуы дзаума ныхсын, стæй хæринаг скæнын. Сты стыр бинонтæ – 10 адæймагæй. Дон æрбахæссынæн мадæн феххуыс кæнынц сывæллæттæ дæр. Валентинæйæн сты 8.

Хистæр фырт Альбертыл цæуы 18 азы, ныридæгæн кæны кусгæ. Иннæтæн нырма сæ кармæ гæсгæ не мбæлы. Авдæй цæуынц скъоламæ. Хъæуы сын формæ дæр балхæнын, стæй чингуытæ дæр.

Сывæллæттæ куыд зæгъынц, афтæмæй сын сеппæтæн иумæ ис æрмæстдæр иу скъапп. Уым сæвæрынц сæ дзаумæттæ. Алкæмæн дæр дзы ис иу тæрхæг. Годжыцаты бинонтæн Змейкæйы 2013-æм азы хæдзар балхæдта районы администраци. Сæ зæронд хæдзар басыгъди.

Ног хæдзар кæй зæгъын æй хъæуы у стырдæр, зæгъы 8 сывæллоны мад Валентинæ. Фæлæ дзы цæрыны уавæртæ æппындæр нæй.

Ныртæккæ бинонтæ сты иу уаты. Иинæ агъуыстыты фæлæууæн нæй, цалцæггонд никуы уыдысты. Пъолыл змис æмæ дуртæ. Къултыл та стукатуркæ дæр нæй. Хæдзармæ базилынæн та бинонтæм фæрæзтæ нæй.

Фарон Годжыцатæн 30 мин сомæй материалон æххуыс бакодта фæллойы æмæ социалон рæзты министрад. Æмæ дзы балхæдтой арæзæн æрмæджытæ.

Бинонтæ æвзарынц зындзинæдтæ, фæлæ сæ уæддæр уырны хуыздæр рæстæджытæ æмæ сын зæрдæрайгæ фидæн кæй ис, уый. Афæдзы рдæджы размæ хæдзары хицау хистæр лæппуимæ ивын райдыдтой хæдзары сæр. Уаргæ бон сæм иу дом мидæмæ уæрджытæм бакалд.

Кировы районы администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй ивгъуыд азы районы фæкæсынхъуаг адæмæн бюджетæй дихгонд æрцыди 5 милуаны. Уыцы æхцайæ æлхæд æрцыди Годжыцаты хæдзар дæр. Бахъуыди йын 750 мин сомы. Сæ цæрæн бынаты цур сын ис зæххы хай дæр.

Дондзæуæн системæ саразынæй администраци зæрдæ бавæрдта дыууæ мæйы æмгъуыдмæ. Сæ лыггæнинаг фарстатæй уал иуæй уæддæр суæгъд уыдзысты.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania