филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:30 воскресенье, 14 декабря 2025
06 августа 2014, 17:04
Знон изæрæй Дзæуджыхъæуы Доваторы проспекты æмæ Барбашовы уынгты тигъыл æрцыд фæндаггон фыдбылыз

28-азыдзыд сылгоймаг Козаты Зæринæ æмæ йæ 7-азыдзыд лæппу Хетæг фæндаджы сæрты куыд фæцæйхызтысты, афтæ сæ скъуырдта 27-азыдзыд шофыр. Йæ машинæ афтæ тагъд скъæрдта æмæ уыцы цæфæй сылгоймаг фæндагæй атахт цалдæр метры æмæ фæмард.

73554
Знон изæрæй Дзæуджыхъæуы Доваторы проспекты æмæ Барбашовы уынгты тигъыл æрцыд фæндаггон фыдбылыз. 28-азыдзыд сылгоймаг Козаты Зæринæ æмæ йæ 7-азыдзыд лæппу Хетæг фæндаджы сæрты куыд фæцæйхызтысты, афтæ сæ скъуырдта 27-азыдзыд шофыр. Йæ машинæ афтæ тагъд скъæрдта æмæ уыцы цæфæй сылгоймаг фæндагæй атахт цалдæр метры æмæ фæмард. Сывæллон уæззау цæфтæй ис сывæллæтты рынчындоны реанимацийы.
Фыдбылыз куыд æрцыд, уый систа видеоцæстдарды камерæ. Æмæ дзы бæрæг у фистæгæй цæуджытæ фæндаджы сæрты куыд цыдысты, афтæ сыл шофыр йæ машинæ куыд батардта, уый. Машинæ ВАЗ-ы 12-æм моделы шофыр Толпарты Артур йæхи раст кæны, зæгъгæ, цыд светофоры цъæх цырагъмæ гæсгæ, уыимæ машинæ тагъд не скъæргæйæ.
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ зæгъынц: аххосджын сты се ппæт дæр. Хъыгагæн, ахæм аваритæ Цæгат Ирыстоны арæх æрцæуы. Уымæ гæсгæ инспектортæ цæрджытæй курынц, цæмæй фæндаджы сæрты хизгæйæ, æххæст кæной фæндаггон домæнтæ. Æмæ фæндаджы сæрты тагъддæр ахизыны мондагæй ма рох кæной æгъдæуттæ æмæ уой къæрцхъусдæр.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania