филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:00 воскресенье, 19 мая 2024
30 октября 2013, 11:37
Знон изæрæй Сæрибары фæзы ист цыди уæрæсейаг комеди «Елки-3»-йы æртыккаг хай

Ног азы заз бæлас, ирд цырæгътæ æмæ алыхуызон хъазæнтимæ, стæй мит. Дзæуджыхъæу цæттæ у афæдзы сæйрагдæр бæрæгбон сбæрæг кæнынмæ. Фæлæ нырма æрмæст кинонывы. Сфæлдыстадон проекты архайын 46-æм скъолайы ахуырдзауты бафæндыд æнæхъæн къласæй.

Дзæуджыхъæуккæгтæ æмгъуыдæй раздæр сбæрæг кодтой Ног аз. Знон изæрæй Сæрибары фæзы ист цыди уæрæсейаг комеди «Елки-3»-йы æртыккаг хай. Сарæзтой дзы бæрæгбоны концерт дæр. Кинонывы архайдта 700 адæймагæй фылдæр.

Ног азы заз бæлас, ирд цырæгътæ æмæ алыхуызон хъазæнтимæ, стæй мит. Дзæуджыхъæу цæттæ у афæдзы сæйрагдæр бæрæгбон сбæрæг кæнынмæ. Фæлæ нырма æрмæст кинонывы. Сфæлдыстадон проекты архайын 46-æм скъолайы ахуырдзауты бафæндыд æнæхъæн къласæй. Бæрæгбоны уæлæдарæс, Ног Азы фæлыст, хъæлдзæг зæрдæйы ахаст. Иу ныхасæй, алцыдæр, æрыгон актерты кинойы архайынæн цы хъæуы, уый.

Битарты Дианæ: «Тæвд нын у, фæлæ ахæм хъуыддаджы тыххæй бафæраздзыстæм».

Дзæуджыхъæу уыди зындгонд киноныв «Елки-з» æртыккаг хай кæм истой, Уæрæсейы уыцы 11 горæты хсæн. Актерты хæс уыди дамгъæ «М» скæнын, ома «С Новым Годом»- ы.

Адæмы уарзон ног азы комедион кинойы йæхи бафæлварын бафæндыд бирæ адæмы.

Суанг ма лæууыдысты рады дæр. Фæлæ организатортæ хъуыддаг сраст кадтой. Æмæ цыбыр рæстæгмæ фæзыл фæзынди дамгъæ «М».

Кинонывы фыццаг хайы проекты æрæмбырд кодта 24 милуан доллоры, дыккаг хай та- 29 милуан доллæры. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ комедии сси адæмон. Æртыккаг цы горæтты исдзысты, уыдон хсæн дæр цыди тох.

Плиты Алыксандр, Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы хайады хицау: «Цалдæр мин адæймаджы æрæмбырд абон. Мæхæн тынг æхсызгон у, уымæн æмæ ахæм хъуыддаг нæ сахары никуыма уыди».

Цымыдисаг уый уыд, æмæ миты бæсты съемкæты фæзы уыди синтепон, уæлдæфы температурæ та- 18 градусы хъарм. Фæлæ актертæ сæ размæ вæрд хæс сæххæст кодтой иттæг хорз.

Комеди ныридæгæн дæр сæмбырд кодта йæ киномæкæсджыты. Съемкæтæ куыд цыдысты, уымæ касти сæдæгай цæрджытæ.

Финалы – рвырл цæхæр скалдта ирд салют. Ног азы банъарæн уыди æххæстæй. Актертæ мА уый фæстæ дæр тагъд нæ ацыдысты, кæрæдзийæн дзырдтой се `нкъарæнтæ. Ныр цымыдисæй æнхълмæ кæсдзысты экранæй сæхи кæд фендзысты, уымæ. «Елки-3» рацæудзæн 26-æм декабры.

Касаты Наира

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania