Арæзтадон объект хъахъхъæнджытæ куыд загътой, афтæмæй 20-аздзыд Антон Чайка мидæмæ бацыд, сæ ныхæстæм сын нæ байхъуыста, æмæ схызтис бæстыхайы сæрмæ. Уæдмæ бынатмæ æрбацыдысты пъæлицæйы, æнæхъæлæджы цауты министрады специалисттæ, тагъдæхууысы дохтыртæ.
Арæзтадон объект хъахъхъæнджытæ куыд загътой, афтæмæй 20-аздзыд Антон Чайка мидæмæ бацыд, сæ ныхæстæм сын нæ байхъуыста, æмæ схызтис бæстыхайы сæрмæ. Уæдмæ бынатмæ æрбацыдысты пъæлицæйы, æнæхъæлæджы цауты министрады специалисттæ, тагъдæхууысы дохтыртæ. Фæлæ хъыгагæн, фыдбылызæй бахизын нæ бантыст. Антон уыд хæххон паддзахадон аграрон университеты экономикон факультеты студент. Йе `мгæрттæ æмæ ахуыргæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй лæппу уыдис зæрдæхæлар, ахуыр кодта хорз бæрæггæнæнтыл, никуы никæимæ фæбыцæу.
Гаситы Петр, хæххон паддзахадон аграрон университеты экономикон факультеты декан: «Сабыр лæппу уыдис, йæхи хорз дардта, ахуыр дæр тынг хорз кодта. Студенттимæ дæр тынг дзæбæх уыдис. Ахуыргæнджытæ дæр дзы тынг æппæлынц. Никæмæй дзы æвзæр никуы ницы фехъуыстон».




