15 января 2025, 11:41
Знонæй фæстæмæ компани «ЭРА» райдыдта, кæй акалдтой, уыцы заз бæлæстæ æмбырд кæнын
Уымæ гæсгæ компани сиды республикæйы цæрджытæм, цæмæй сæ бæрæгбоны фидауц хъæбæр хауæддзæгты конетейнерты ма ппарой
Знонæй фæстæмæ компани «ЭРА» райдыдта, кæй акалдтой, уыцы заз бæлæстæ æмбырд кæнын. Уымæ гæсгæ компани сиды республикæйы цæрджытæм, цæмæй сæ бæрæгбоны фидауц хъæбæр хауæддзæгты конетейнерты ма ппарой. Заз æмæ нæзы бæлæстæ ахсынц бирæ бынат, æмæ контейнерты хуымæтæг бырæттæн бынат нал вæййы. Уæдæ сæ хæдзæртты кæртыты, сывæллæтты ирхæфсæн фæзты, фæндæгты алывæрсты дæр æппарæн нæй. Заз бæлæстæ æмбырд кæнæн ис контейнерты алыварс фæзты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, æппæт бæлæстыл бакусдзæн компани «ЭРА». Зайæгойтæ ныммур кæндзысты, æмæ сæ арвитдзысты биологон æгъдауæй бакусынмæ.
