филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:54 понедельник, 13 мая 2024
24 октября 2012, 09:32
Зноны теракты хъыгдардбаййафджыты уавæр фæхуыздæр

Куыд ма уын æй хъусын кодтам, афтæмæй знон Чермены контролон-уадзæн пункты цы террористон акт æрцыд, уым хъыгдард баййæфтой 4 адæймаджы. Се ппæт дæр сты мидхъуыддæгты министрады кусджытæ.

Куыд ма уын æй хъусын кодтам, афтæмæй знон Чермены контролон-уадзæн пункты цы террористон акт æрцыд, уым хъыгдард баййæфтой 4 адæймаджы. Се ппæт дæр сты мидхъуыддæгты министрады кусджытæ.

Æппæтæй уæззаудæр уавæры ис Хоранты
Вадим. Дысон æй æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сæрмагонд хæдтæхæгæй
арвыстой Мæскуымæ. Евгений Корнеевы абон раивтой мидхъуыддæгты
министрады медицинон-санитарон хайадмæ. Уым ис Нана Лотишвили дæр. Йемæ
кусынц психологтæ æмæ неврологтæ. Баситы Васойы аластой тагъдæххуысы
клиникон рынчындоны сыгъдтыты хайадмæ. Дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй
знонимæ абаргæйæ йæхи æнкъары хуыздæр.

Плиты Татьянæ, тагъдæххуысы клиникон
рынчындоны дохтыр: «Баситы Васо абон йæхи æнкъары хуыздæр. Цы йын
æмбæлы, уыцы мадзæлттæ кæнынц хайады. Алцыдæр нæм фаг ис. Тагъд рæстæджы
йæ рафысдзыстæм».

Реуазты Таймураз, РЦИ-Аланийы
æнæниздзинадхъахъхъæнынады министры хæдивæг: «Мæскуымæ æрвыст æрцыд
мидхъуыддæгты министрады сæйраг госпитальмæ. Иннæ 3 рынчыны та хъуамæ
къуырийы кæрон рафыссæм. Мæнмæ гæсгæ хъуыддаг уымæ цæуы».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania