Минмæ ввахс фыццагкурсоны сæмбырд сты актон залы
Зонындзинæдты Боны кадæн Хæххон паддзахадон аграрон университеты арæзт æрцыд студенттимæ фембæлд. Минмæ ввахс фыццагкурсоны сæмбырд сты актон залы. Се хсæн 500-йы онг бюджетон хуызы ахуыр кæндзысты, 700-йæ фылдæр та коммерцион хуызмæ гæсгæ. Традицимæ гæсгæ студенттæ байхъуыстой Уæрæсейы æмæ Ирыстоны гимнмæ, тырыса сисыны фæстæ та адих сты сæ факультеттыл, цæмæ базонгæ уой сæ ахуыргæнджытимæ. Студенттæн, ног ахуыры азы райдианы фæдыл, арфæтæ ракæнынмæ æрбацыд Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим. Фæсивæдæн йæ зæрдæ загъта æнтыстдзинæдтæ сæ ахуыры рæстæг. Стæй ма бафтыдта, куыд ахсджиаг у райгуырæн бæстæ уарзын, æмæ йын лæггад кæнын. Æргомæй лæвæрдта дзуæппытæ фыццагкурсонты фæрстытæн.




