филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:13 суббота, 28 сентября 2024
08 декабря 2021, 13:31
Зруджы аргъуанмæ скæндзысты къахвæндаг туристтæ æмæ диныл хæст адæмæн

Объект сцæттæ уыдзæнис 2022-æм азы

Зруджы аргъуанмæ скæндзысты къахвæндаг туристтæ æмæ диныл хæст адæмæн. Объект сцæттæ уыдзæнис 2022-æм азы. Уый тыххæй фехъусын кодта арæзтады æмæ архитектурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Моргуаты Константин. Куыстытæ райдыдтой 2020-æм азы,  Аланийыл саргъауыны 1100 азы кадæн мадзæлттæм цæттæгæнгæйæ.  Аргъуаны рацарæзтæн бахъæудзæн 75 милуан сомы бæрц. Ивгъуыд  аз специалисттæ бæстыхай æркæлын нæ бауагътой. Уый тыххæй ныффидар кодтой Зругдоны былгæрæттæ. Раздæр аргъуан уыдис тæккæ былыл, æмæ йын дон йæ бындур хордта. Ацы аз аразынц, фæстæдæр бæстыхай кæмæй самайдзысты, ахæм сæрмагонд блоктæ. Ногæй цы къул самайдзысты, уый хицæн кæндзæн иннæтæй. Моргуаты Константин куыд загъта, афтæмæй уый у наукон рацарæзты домæн.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania