филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:51 среда, 17 декабря 2025
17 апреля 2018, 12:33
Зымæджы фæстæ бирæфатерон хæдзæртты цæрджытæ хъаст кæнынц, сæ кæртыты дзыхъхъытæй ацæуæн кæй нæй, уымæй

Къæвдаты рæстæг донæй байдзаг вæййынц, æмæ хъыгдард æййафынц адæм дæр, æмæ машинæтæ дæр.

Зымæджы фæстæ бирæфатерон хæдзæртты цæрджытæ хъаст кæнынц, сæ кæртыты дзыхъхъытæй ацæуæн кæй нæй, уымæй

Зымæджы фæстæ бирæфатерон хæдзæртты
цæрджытæ хъаст кæнынц, сæ кæртыты дзыхъхъытæй ацæуæн кæй нæй, уымæй. Къæвдаты
рæстæг донæй байдзаг вæййынц, æмæ хъыгдард æййафынц адæм дæр, æмæ машинæтæ дæр.
Разамынддæттæг компаниты æмбарын кæнынц, ацы фарста уыдонмæ нæ хауы. Чи хъуамæ
базила кæртытæм, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

 

Се *ппæтæн дæр зонгæ хъуыддаг: зымæджы асфальт скъахтой,
хæтæлтæ баивтой, дзыхъхъытæ та змисæй æмæ дуртæй байдзаг кодтой. Æмæ афтæ иннæ
зымæгтæ, цалынмæ фæндаджы æндæр хай не скъахой, уæдмæ. Куйбышевы уынджы хæдзары
кæрты асфальты уавæр та хицæн ныхасы аккаг у. Адæм хъаст кодтой алы рæттæм,
фæлæ дзуапп афтæ дæр нæ райстой.

 

Доваторы уынджы бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртыты фæндаджы
уæлцъары уавæр дæр хуыздæр нæу. Партион программæ æххæстгæнгæйæ, фарон «Иугонд
Уæрæсе» баххуыс кодта уыцы рæстæгмæ хæдзары риссагдæр фарста алыг кæнын –
зæронд хæтæлтæ баивын. Пъадвалтæм æмæ фатертæм къæвдадон нал хæццæ кæны. Фæлæ
ис æндæр къуылымпыдзинæдтæ.

 

Разамынддæттæг компаниты æмбарынц кæнынц, ацы фарста уыдонмæ
нæ хауы.

 

Горæты администрацийы та радзырдтой, кæй архайы Дзæуджыхъæуы
аив кæныны программæ. Уырдæм бахауыны тыххæй цæрджыты хъæуы курдиат ныффысын.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania