филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:49 суббота, 21 сентября 2024
05 декабря 2012, 15:09
Зымæджы райдиан Дзæуджыхъæуы астæу Куйбышевы уынджы хæлы цæрæн хæдзар

Адæм цæрынц зын уавæрты, сæ цар æркалд, хæдзары къулыл та йа уидæгтæ ауагъта бæрзбæлас. Газы хæтæл тæдзы, фæлæ йæ аивæн нæй, уымæн æмæ хæдзары дыккаг уæладзыг ууыл хæцы. Уæвгæ бæстыхай кæлæддзагыл нымад

Адæм цæрынц зын уавæрты, сæ цар æркалд,
хæдзары къулыл та йа уидæгтæ ауагъта бæрзбæлас. Газы хæтæл тæдзы, фæлæ
йæ аивæн нæй, уымæн æмæ хæдзары дыккаг

уæладзыг ууыл хæцы. Уæвгæ бæстыхай кæлæддзагыл нымад æрцыд авд азы
размæ, фæлæ йын нырма йæ цæрджыты ног фатертæм раивынмæ ничы хъавы.

Ацы бæласы аххосæй Фæрниаты Миланæ
ныртæккæ йæхи фатеры нæ цæры. Бæлас йæхи æгъдауæй уынгæй мидæмæ æрзайа,
уый диссаг куыд нæ у. Цы фæстиуджытæм расайдта, уыдоныл дæр ис бадис
кæнын. Хæзрæрæджы фатерæн æркалд йæ цар. Миланæ ацыд йæ хомæ, æмæ ныр 32
квадратон метры бæстыхайы цæрынц 10 адæймагæй. Фæлæ ам дæр уавæртæ бирæ
хуыздæр не сты. Фыр уымæлæй къултæ кæд æркæлдзысты, уый бæрæг нæу. Куы
сыл бандзæвай, уæд дæр згъæлын райдайынц.

Тебиаты Татьянæ, хæдзары цæрæг: «Куыддæр
рацыдыстæм фатерæй æмæ нæ фæстæ дуар куыд ахгæдтам, афтæ бæстæ
ныггуыбар-гуыбур кодта. Хæдзары цар æркалд. Ныр мæнæн мæ къухтыл
сывæллон, мемæ мæ хо 2-аг къæпхæны инвалид. Хорз æмæ уыцы рæстæг хæдзары
ничи уыд, æндæр цы бæллæх æрцыдаид, уый зын зæгъæн у. Исчи сæ хæдзары
куы баззадаид æмæ сæ искæуыл куы æрхаудаид, уæд та?»

Ацы цауы фæстæ бынаты куыстой
æнæнхъæлæджы уавæрты минстрады специалисттæ. Уавæр сбæлвырд кодтой, фæлæ
бæлас нæ акалдтой. Куыд æй бамбарын кодтой, афтæмæй, бæрз бæлас кæуылты
зайы, уыцы къул хæдзарæн у, фидар кæуыл лæууы, уыдонæй иу. Æмæ йæм куы
бавналой, уæд гæнæн ис, æмæ хæдзары 2-аг уæладзыг дæр ныккæлдзæн.

Фæрниаты Миланæ, хæдзары цæрæг: «Ацы
хæдзары цæрæн нæй. Алы рдыгæй кæлы. Згъæлы. Хулыдз къултæ. Ацы уымæлæй
æрмæст къултæ нæ, фæлæ ма хъуына дзаумæттыл дæр фæхæцыд. Сывæллæттæ
рынчын кæнынц. Нæ хъаст кæдæм нæ хастам, фæлæ нæ иу хъуыдыгæнæг нæй. Ныр
та ма нам бæлæстæ дæр зайын райдыдтой».

Куйбышевы уынджы ацы хæдзарыл 150 азæй
фылдæр цæуы. Фæстаг хатт та йæ цалцæг кодтой 1970 азы. Хæдзары къултæ
афтæ бамбыд сты, æмæ хæдзар ныббадти. Цæрджытæ сæхи хъарутæй фæнд кодтой
хæдзары сæр баивын, фæлæ сын кусджытæ не сразы сты, тæссаг дзы у кусын,
зæгъгæ. Уæдæ къæвда бон, кæнæ мит тайын куы райдайы, уæд цæрджыты
ведратимæ дыууæрдæм кæнын бахъæуы. Иннæ ахæм – газы хæтæл. Цæуы 1-æм æмæ
2-æм уаладзгуыты хсæн. Æдзухдæр газ уадзы. Фæлæ йæ баивæн нæй, 2-аг
уæладзыджы цæджындзтæй иу кæй у, уымæ гæсгæ.

2005 азы хæдзар банымадтой кæлæддзагыл.
Фæлæ ныры онг цæрджытæ ницы ивддзинæдтæ федтой. Уыимæ ма ис иу
фиппаинаг: закъонмæ гæсгæ, цæмæй кæлæддзаг хæдзары цæрджыты ног фатертæм
ракæной, уый тыххæй хъуамæ иууылдæр радтой разыйы дзуапп. Хъыгагæн, ацы
хæдзары цæрджытæ иу хъуыдымæ нæма æрыдысты.

Уыдмæ та цæрджытæ тыхсынц. А-дыууæ боны мит куы æруара, уæд цы кæндзысты, уый нæ зонынц.

Дзæуджыхъæуы администрацийы фидарæй
зæгъынц –»Кæлæддзаг хæдзар»-ы программæ æххæст кæнгæйæ ацы хæдзары
цæрджытæ ног фатертæм рады сты фыццæгты хсæн. Цæмæй уазал бонты уынджы
ма баззайой, уый тыххæй та уал сын радтой рæстæгмæйы цæрæн бынæттæ.

Челдыты Роберт, Дзæуджыхъæуы
администрацийы цæрæн-коммуналон хæдзарады техникон хайады хицауы
хæдивæг: «Дзæуджыхъуы администрацийы абон рахастой уынаффæ ацы фатеры
цæрджытæн «маневренный фонд» кæй хонынц, уым рæстæгмæ раттын фатертæ.
Ууыл сæ тыхсын нал хъæуы. Хæстæгдæр рæстæг та каст цæудзæн хæдзары æппæт
цæрджыты уавæртæм дæр. Хъуамæ уыдонæн дæр ссарæм цæрæн бынæттæ, хæдзар
та хъуамæ æрцæуа калд «.

Уынаффæ хаст æрцыд, фæлæ æххæстгонд кæд
æрцæудзæн, уый бæрæг нæма у. Федералон бюджетæй æхца дихгонд куы æрцæуа,
уæд уый фæстæ та цæрджытæн ратдзысты ног фатертæ.

Мазаты Иннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania