филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:50 понедельник, 15 декабря 2025
25 декабря 2012, 15:19
Зымæгон æдасдзинады домæнтæ æххæст кæныныл ныхас цыд æнæнхъæлæджы уавæрты къамисы æмбырды

Зымæгон æдасдзинады домæнтæ æххæст кæныныл ныхас цыд æнæнхъæлæджы уавæрты къамисы æмбырды. Амыдта йæ хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий. Æмбырды архайдтой æнæнхъæлæджы уавæрты æмæ æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрадты, стæй фæлхасадон цæстдарды управленийы минæвæрттæ.

Зымæгон æдасдзинады домæнтæ æххæст
кæныныл ныхас цыд æнæнхъæлæджы уавæрты къамисы æмбырды. Амыдта йæ
хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий.

Æмбырды архайдтой æнæнхъæлæджы уавæрты æмæ æнæниздзинадхъахъхъæнынады
министрадты, стæй фæлхасадон цæстдарды управленийы минæвæрттæ.

Бæстон ныхас цыд граждайнаг
хъахъхъæнынады куысты хатдзæгтыл æмæ бахъуаджы сахат адæмы техногенон
авариты æмæ æхсæнадон змæстыты рæстæг куыд бахъахъхъæнæн ис, ууыл. Хицæн
ныхас рауад туристты æдасдзинады фарстатыл.

Афæдзы фæстаг бонты уæлдай ахсджиаг
вæййы Ног азы бæрæгбæтты къæрцхъусдæр уæвын. Карздæр цæст дарын
пиротехникон æмæ æндæр тæссаг техникæмæ. Ма сæ уадзын уæй кæнын, карздæр
æфхæрын æдасдзинады æмæ базарады домæнтæ чи не ххæст кæны, уыдоны.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania