филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:07 суббота, 31 января 2026
26 февраля 2025, 10:43
Зымæгæвдисæг нывтæ дисы *фтауынц сæ техникæйы алы хуызтæй

Афæдзы афонтæй сæ уазалдæры пейзажтæ нывгæнджытæн иухуызон нæ рауайынц

Зымæг кæронмæ фæхæццæ кæны, фæлæ йæ бартæ дæттынмæ нæма хъавы. Уæвгæ, зымæг йæ рæсугъддзинадæй йæхимæ кæддæриддæр æлвæста нывгæнджыты. Бирæтæ йæ нымайынц алæмæты рæстæгыл. Уымæ гæсгæ йæ арæх фенæн вæййы сæ куыстыты. Зымæг ирыстойнаг авторты сфæлдыстады цавæр бынат ахсы, уый базоныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд, æмæ ныхасы бар Чехойты Фатимæйæн.

Зымæгæвдисæг нывтæ дисы *фтауынц сæ техникæйы алы хуызтæй. Афæдзы афонтæй сæ уазалдæры пейзажтæ нывгæнджытæн иухуызон нæ рауайынц. Мит дæр ма равдисынц алыхуызон. Зымæг хъызт рæстæг кæмæн у, уыдон спайда кæнынц ахорæнты уазал хуызтæй, ирд æмæ алæмæты рæсугъд афоныл æй чи нымайы, уыдон та равзарынц хъармæвдисæг ахорæнты хуызтæ. Уыимæ иу дæсны дæр мит урсæй никуы ма равдыста. Уæрæсейы сгуыхт нывгæнæг Абысалты Юрийæн хъызт афæдзы афон хæссы æхсызгондзинад.

Абысалты Юрийы куыстытæ нывæзт сты арф æнкъарæнтæй. Зымæгимæ  дæсныйæн баст сты адæмон царды нывтæ. Уыдон æй аскъæфынц йæ райгуырæн хæдзармæ.  Алы адæймаджы зæрдæйы дæр зымæг æвзæрын кæны алыхуызон æнкъарæнтæ, уæлдайдæр та сфæлдыстадон кусæджы зæрдæйы. Цæгат Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Айларты Владимиры куыстыты зымæджы нывтæ арæх нæй фенæн. Æрмæст йæ иу куыст у алæмæты рæсугъд афæдзы афонимæ баст. Хъызт рæстæг дзы афтæ дæсныйæ равдыста, æмæ йæм иу хатт чи бакæсы, уый уазалы бæсты банкъары хъæрмуддзинад.

Георгий Саркисянæн разæнгардгæнæн сси ирон адæмы рагон хъуыдыкæнынад зымæджы тыххæй, барстой йæ мæлæтимæ. Йæ рæсугъддзинадæй уæлдай ма ацы афæдзы афоны ис йæхи хъæндзинæдтæ, кæцытæй нывгæнæг арæхстджынæй пайда кæны йæ куыстыты.

Кæмæндæр зымæг у уазал æмæ хъызт рæстæг, æндæр чидæр та дзы фаагуры амонды стъæлфæн. Хъæлæгаты Сæрмæт йæ уацмысы равдыста тымыгъ,  фæлæ дзы фенæн ис рухсы фæзынд дæр.

Зымæджы цыма цард æрмынæг вæййы, фæлæ дзы уæддæр ис йæхи рæсугъддзинад. Алы нывгæнæг дæр æй уыны йæхирдыгонау. Æцæг дæсныйæн – мит, их æмæ тымыгъ хуымæтæг æрдзы фæзындтæ не сты, фæлæ адæймаджы æнкъарæнтæ æвдисæг фæрæзтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania