Æрмæст хæдзары куыстытæ кæнынмæ сæм нæ фæкæсынц, фæлæ свæййынц бинонты уæнгты хуызæн
Зымæгмæ цæхджынтæ цæттæ кæнын иунæг ацæргæ адæмæн зын вæййы. Ацы хъуыддаджы сын æххуыс кæнынц социалон кусджытæ. Æрмæст хæдзары куыстытæ кæнынмæ сæм нæ фæкæсынц, фæлæ свæййынц бинонты уæнгты хуызæн. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Гуырцъыты Увирæйæн зымæгмæ цæхджынтæ цæттæ кæнын æнцон хъуыддаг нал у. Йæ кармæ æмæ йе нæниздзинады уавæрмæ гæсгæ йæ бон бирæ кусын нæу. Æххуысмæ йæм æдзух æрбацæуы социалон кусæг. Сылгоймаг куыд зæгъы, афтæмæй йын сси хионы хуызæн. Увирæмæ сæхимæ ныр 3 азæй фылдæр æрбацæуы Цæбиты Ирмæ.
Хорз æфсин, алцæмæдæр арæхстджын, сæйрагдæр та зæрдæхæлар адæймаг. Цыфæнды рæстæг дæр цæттæ у æххуысмæ æрбацæуын. Афтæ Гуырцъыты Увирæ дзуры Ирмæйы тыххæй. Бузныг дзы у, цы æххуыс ын кæны, уый тыххæй.
Социалон кусæджы дæсныйад алкæмæн нæу. Хъæуы зонын ацæргæ адæммæ æрмæст фæкæсын нæ, фæлæ ма сæ æргомзæрдæйæ уарзын.
Хойрæгтæ балхæнын, хæринаг сцæттæ кæнын, хæдзары бафснайын… Æмæ æрмæст уый нæ. Социалон кусæгæн ма ахсджиаг у, адæймагимæ зæрдæбынæй аныхас кæнын.
Æппæтæй сæйрагдæр та у, ахæм æххуысы фæрцы ацæргæ адæм кæй æнкъарынц æцæг уарзондзинад æмæ аудындзинад.