23 мая 2014, 14:34
Зындгонд æхсæнадон архайæг, ахуыргонд Гиоты Михалы ном сæнусон кæныны тыххæй Дзæуджыхъæуы абон байгом кодтой мемориалон фæйнæг
Ацы хъуыддаг саразыныл бакуыстой горæты администраци æмæ Гиоты мыггаг. Проекты автор у Уæрæсейы сгуыхт æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон нывгæнæг Дзбойты Михал. Кадджын

Ацы хъуыддаг саразыныл бакуыстой горæты администраци æмæ Гиоты мыггаг. Проекты автор у Уæрæсейы сгуыхт æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон нывгæнæг Дзбойты Михал. Кадджын мадзалмæ æрбацыдысты æхсæнадон архайджытæ, ахуыргæндтæ, республикæйы Хицауады минæвæрттæ, стæй бирæ азты кæимæ фæкуыста, уыдон. Гиоты Михал уыд фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран, æппæтадæмон змæлд «Иры Стыр Ныхасы» фыццаг сæрдар, историон наукæты доктор, профессор, Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны зонадон сгуыхт архайæг, бирæ чингуыты автор. Мемориалон фæйнæг æвæрд æрцыди кæм цард, уыцы хæдзары къулыл. Фæйнæг сæвæрыны фæндон рахастой Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы цур æхсæнадон советы æмбырды.

темæмæ гæсгæ