Зындгонд æхсæнадон кусæг, курдиатджын нывгæнæг, Ирыстоны уарзон хъæбул Абойты Зауырбег кæддæр ахуыры бæрзæндтæм тырнгæйæ ахæццæ Мæскуымæ.
Æбæрæгæй куы фесæфт, уæдæй нырмæ рацыд 13 азы, фæлæ йæ ном рох нæу. Йе ‘мбæлттæ æмæ йын йæ хæстæджытæ йæ кой кæнынц, цымæ абон дæр семæ ис, афтæ. Хуымæтæг хохаг лæппу ссыгъта йæ зæрдæйы цырагъ нывгæнæджы айвадмæ. Йæхи хъаруйæ рацыд царды уæрæх фæндагмæ, йæ дуг, йæ адæмæн пайдайаг суæвыны тыххæй. Æвæццæгæн, йæ рæстæджы Мæскуыйы чи уыд, уыдонæй Абойы – фырты лæггад йæхиуыл чи нæ банкъардта, ахæмтæ стæм сты.
Йæ куыстытæ абон дæр дисы ‘фтауынц, сæ национ колоритæй. Йæ уарзондæр темæтæ уыдысты хæхбæстæ æмæ хохаг адæмы цард. Зауырбеджы цард стыр романы аккаг у, йæ алы сыф дæр æвдисæн уаид, йæ бирæвæрсыг курдиатæн, Ирыстонмæ йæ уарзондзинадæн.
Къесаты Станислав, республикæйы парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг: «Ахæм адæм Ирыстоны кад сты. Мæскуыйы бæрнон бынæтты куыста. Уым уæвгæйæ нын лæггад кодта. Адæймагæн ма цы хорздзинад скодтаид, уый нал зыдта. Йæ куыстытæ, йæ хъуыдытæ æдзухдæр баст уыдысты Ирыстонимæ. Тынг бирæ йæ уарзта, æмæ йæ ирыстоны адæм др хъуамæ ма рох кæной, зæрдæйыл рисы».




