филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:39 пятница, 17 мая 2024
08 сентября 2021, 12:24
Зындгонд дирижер Баскаты Хъазыбег сбæрæг кодта йе  80-азы юбилей

Арфæ йын кодтой Мариинаг театры филиалы

Зындгонд дирижер Баскаты Хъазыбег сбæрæг кодта йе  80-азы юбилей. Арфæ йын кодтой Мариинаг театры филиалы. Уазджыты хсæн уыд Цæгат Ирыстоны культурæйы минстры хæстæ æххæстгæнæг Къубалты Эльбрус. Маэстро хорзæхгонд æрцыд «Ирыстоны Намысы» майданæй. Баскаты Хъазыбег сценæйæн балæвар кодта йæ царды æнусы *рдæг.  У Бæстæйы аивæдты сгуыхт архайæг, Ирыстоны адæмон артист. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ Баскайы-фырты  юбилейон изæры байгом кодтой театралон сезон. Азæлыд дзы, дирижер Гугкаты Зауырбеджы разамындæй, концерт. Æппæт æрбацæуджытæ байхъуыстой Сергей Прокофьевы æмæ Людвиг Ван Бетховены æнæмæлгæ уацмыстæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania