филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:53 среда, 25 ноября 2026
24 ноября 2026, 10:36
Зындгонд ирон поэт, литературæ иртасæг, тæлмацгæнæг, педагог æмæ публицист Дзанайты Иваны райгуырды 130 азы сбæрæг кодтой ирон литературæйы музейы

Нигер нарты кадджытæ иртасыны хъуыддагмæ бахаста аргъ кæмæн нæй, ахæм æвæрæн

Зындгонд ирон поэт, литературæ иртасæг, тæлмацгæнæг, педагог æмæ публицист Дзанайты Иваны райгуырды 130 азы сбæрæг кодтой ирон литературæйы музейы. Нигер нарты кадджытæ иртасыны хъуыддагмæ бахаста аргъ кæмæн нæй, ахæм æвæрæн. Разамынд лæвæрдта ирон филилогийы факультетæн, ирон литературæйы рæзтыл бакодта стыр æмæ ахадгæ куыст. Нигеры мысæн изæрмæ æрæмбырд сты йе сфæлдыстадæн ын стыр аргъ чи кæны ахæм филологтæ æмæ æхсæнадон архайджытæ, стæй Дзанайты мыггаджы минæвæрттæ. Изæры куыд фæнысан кодтой, афтæмæй Дзанайты Иван йæ фæстæ цы хъæздыг сфæлдыстадон æмæ литературон бынтæ ныууагъта, уыдон абон дæр ирон адæмæн сты æмдугоны фæндагамонджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania