филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:04 среда, 18 сентября 2024
12 сентября 2024, 11:37
Зындгонд зарæггæнæг Сланты Тимур йæ сæрмагонд концертты агъоммæ дзуæппытæ радта журналистты фæрстытæн

Æппæтуæрæсеон æмæ æппæтадæмон конкурсты лауреат Мариинаг театры филиалы сценæйы зардзæн 28-æм æмæ 30-æм сентябры

Зындгонд зарæггæнæг, æппæтуæрæсеон æмæ æппæтадæмон конкурсты лауреат Сланты Тимур йæ сæрмагонд концертты агъоммæ дзуæппытæ радта журналистты фæрстытæн. Черменыхъæуæй рацæуæг æрыгон лæппуйы ма цалдæр азы размæ дæр бирæ адæм нæ зыдта. Тимур зарын райдыдта 8 азы йыл куы цыди, уæд. Гергиты Валерийы номыл аивæдты колледжы цур сывæллæтты музыкалон скъоламæ йæ æрбакодта йæ нана. Уый фæстæ йæм æнхъæлмæ касти Мæскуыйы паддзахадон консерватори. Абон Тимур у Швейцарийы музыкалон академийы студент. 23 аздзыд лæппу зындгонд у æппæт дунейы. Йæ уникалон тембр хъуысти Миланы Ла Скала-йы, Стыр æмæ Мариинаг театрты  сценæтæй. Къухæмдзæгъд ын кодтой Венæйы, Парижы, Миланы Лионы… Зæрдиаг уазæг у бирæ телепроектты. Сланты Тимур Мариинаг театры филиалы сценæйы зардзæн 28-æм æмæ 30-æм сентябры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania