филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:53 среда, 17 декабря 2025
19 апреля 2018, 12:18
Зынгсирвæзт ма руадзыны тыххæй æнæнхъæлæджы цауты министрад сæрмагонд ахуыртæ сарæзта Дзæуджыхъæуы почтæйы

Таурæгъмæ гæсгæ, 3-æм уæладзыджы электрон телты аххосæй æрцыд зынгсирвæзт. Æмтгæй бæстыхай у 6 уæладзыгон æмæ уыцы рæстæг йæ мидæг уыд 150 адæймагæй фылдæр.

Зынгсирвæзт ма руадзыны тыххæй æнæнхъæлæджы цауты министрад сæрмагонд ахуыртæ сарæзта Дзæуджыхъæуы почтæйы

Зынгсирвæзт ма руадзыны тыххæй
æнæнхъæлæджы цауты министрад сæрмагонд ахуыртæ сарæзта Дзæуджыхъæуы почтæйы. Боны
10 сахатыл скуыста бæстыхайы хъусынгæнæн системæ. Таурæгъмæ гæсгæ, 3-æм уæладзыджы электрон телты аххосæй æрцыд зынгсирвæзт. Æмтгæй
бæстыхай у 6 уæладзыгон æмæ уыцы рæстæг йæ мидæг уыд 150 адæймагæй фылдæр. Æнæнхъæлæджы
уавæрты службæйы æмæ зынгхуыссынгæнджытæ 3 техникон иуæгимæ бынаты уыдысты 2
минутмæ. Уыцы рæстæг райдыдтой адæмы æдас ранмæ кæнын. Байгом кодтой уæлмхасæн
дуæрттæ дæр, сты 8. Сæрмагонд службæйы кусджытæ куыд загътой, афтæмæй бæстыхай сын у зонгæ, уымæн бахъуаджы сахат адæмы ракæнын
сын зын нæ уыдзæн. Ахæм ахуыртæ почтæйы сæйраг хайы цæуынц афæдз 2 хатты.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania