филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:17 понедельник, 15 декабря 2025
29 января 2013, 18:17
Зынгсирвæзтытæм цæстдарды цæгатирыстойнаг управлени нымад æрцыд хуыздæрыл Цæгат Кавказы федералон зылды

2012 азы сæ архайды хатдзæгтæ, иннæ регионтимæ абаргæйæ, сты дзæвгар хуыздæр. Сæ куыст сын бæлвырд кодтой 3 бæрæггæнæнмæ гæсгæ. Се ппæты дæр цæгатирыстойнæгтæ систы уæлахиздзаутæ.

2012 азы сæ архайды хатдзæгтæ, иннæ регионтимæ абаргæйæ, сты дзæвгар хуыздæр. Сæ куыст сын бæлвырд кодтой 3 бæрæггæнæнмæ гæсгæ. Се ппæты дæр цæгатирыстойнæгтæ систы уæлахиздзаутæ.

Инспектор Цыдаты Игорь бæрæг кæны, Дзæуджыхъæуы сывæллæтты стоматологийы поликлиникæйы зынгсирвæзтыты ныхмæ домæнтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый. Куыд зæгъы, афтæмæй ам уавæр зæрдæмæдзæугæ у. Æмæ дзы кæд хъæндзинæдтæ рабæрæг вæййы, уæддæр сыл æвæстиатæй бакусынц. Поликлиникæйы разамынд куыд зæгъы, афтæмæй ацы фарстамæ стыр æргом здæхт цæуы. Уымæн æмæ нæ пациенттæ се ппæт дæр сты сабитæ.

Милдзыхты Барис, Дзæуджыхъæуы сывæллæтты стоматологийы поликлиникæйы хæдзарадон хайады хицау: «Махмæ ис зынгсирвæзты ныхмæ сигнализаци, кусы куыд æмбæлы, афтæ, ис ма нæм сæрмагонд кусæг, уый сæ фены. Цас æмæбæлы, уый бæрц нæм ис зынгхуыссынгæнæнтæ. Æмæ цы æмбæлы, уый æххæст кæнæм нæ куысты. Æнæ фиппаинæгтæй нæ вæййы, фæлæ цы фæзæгъынц, уый мах сæххæст кæнæм цыбыр рæстæгмæ».

Цæгат Кавказы 7 субъекты ‘хсæн нæ республикæйы зынгсирвæзтытæм цæстдарды управлени нымад æрцыд хуыздæрыл. Уæрæсейы къамис бæрæг кодта куыстуаты архайд 2012-æм азы. Управленийы разамонæг Кучиты Георгий куыд зæгъы, афтæмæй ныридæгæн республикон программæйы руаджы бюджетæй радих кодтой 400 милуан сомы. Æмæ 2017-æм азмæ фæрæзтæ хардзгонд цæудзысты объекттæ зынгсирвæзтыты ныхмæ ифтонггæрзтæй æххæст кæныныл.

Дзæуджыхъæуы 26-æм скъолайы цæуынц зынгсирвæзтыты ныхмæ ахуыртæ. Уæвгæ сывæллæттæн ацы хъуыддаг æнæзонгæ нæу. Управленийы кусджытæ семæ фембæлынц аз 4 хатты. Фæамонынц сын, зынгсирвæзты рæстæг куыд архайын хъæуы, уый.

2011-æм азимæ абаргæйæ фарон зынгсирвæзтыты нымæц 3 проценты фæкъаддæр. Æндæраз дзы фæмард 10 адæймаджы, фарон та – 6. Зынгсирвæзтыты цæстдарды паддзахадон управленийы куыд зæгъынц, афтæмæй бæрæггæнæнтæ хуыздæр кæныц.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania