20 июля 2022, 10:49
Зынгсирвæзтытæм паддзахадон цæстдарды оргæнтæ бæрæг кæнынц сæ равзæрды 95 азы юбилей
Уый фæдыл кадджын мадзал арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы фæсивæдон центры
Зынгсирвæзтытæм паддзахадон цæстдарды оргæнтæ бæрæг кæнынц сæ равзæрды 95 азы юбилей. Уый фæдыл кадджын мадзал арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы фæсивæдон центры. Кусджытæн æмæ ведомствæйы ветерантæн раарфæ кодта æнæнхъæлæджы уавæрты министрады республикон управленийы хицау Александр Хоружий. Загъта сын бузныг, цы ахсджиаг архайд кæнынц, уый тыххæй. Йæхи æнтыстджындæрæй чи равдыста, уыдон хорзæхгонд æрцыдысты ведомствæйы хæрзиуджытæй. Бæрæгбон сæ курдиатæй саив кодтой республикæйы зындгонд артисттæ æмæ сфæлдыстадон къордтæ. Æппæт бæстæйы ацы къабазы службæ хæссынц 10 мин инспекторæй фылдæр. Бæрæг кæнынц зынгсирвæзтыты аххосæгтæ, архайынц æнæнхъæлæджы уавæртæ ма руадзыныл.




