Докладтæ бацæттæ кодтой æнæнхъæлæджы уавæрты, æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрадты минæвæрттæ, муниципалон скондты сæргълæуджытæ радзырдтой, бынæтты цы куыст цæуы, уый тыххæй
Зынгсирвæзтыты æдасдзинады фарстатæм Цæгат Ирыстоны территорийы æркастысты, Хицауады сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд амыдта, уым. Докладтæ бацæттæ кодтой æнæнхъæлæджы уавæрты, æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрадты минæвæрттæ, муниципалон скондты сæргълæуджытæ радзырдтой, бынæтты цы куыст цæуы, уый тыххæй. Премьер куыд загъта, афтæмæй раздæр, зынгсирвæзтыты æдасдзинад сæххæст кæнынæн цы мадзæлттыл бакуыстой, уыдон абон конд цæуынц æххæстæй. Фæлæ уæлдæфы температурæ кæй фæбæрзонддæр, уымæ гæсгæ æдасдзинады мадзæлттæ фæтыхджындæр кæнын хъæуы. Сæрмагондæй, нæ республикæйы цалдæр хъæуы сффидар кодтой зынгсирвæзтыты ныхмæ сæрмагонд фæтк. Профилон ведомствæты æмæ районты сæргълæуджыты ахадгæдæр хъæуы профилактикон куыст кæнын. Ахæм хæслæвæрд радта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло.




