Мадзалы кадджын уазæг сси Уæрæсейы сгуыхт артисткæ, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ, оперон дивæ Джиоты Вероникæ
Спектаклы бындуры – зындгонд советон мультфильмты сюжеттæ. Сывæллæттæ канд уарзон хъайтартыл нæ сæмбæлдысты, фæлæ ма сахуыр кодтой зындгонд зарджытæ дæр
Архайдтой дзы 17 ахуырадон организацийы минæвæрттæ – 7-æй 17 азы онг кæуыл цæуы, уыцы ахуыргæнинæгтæ
Йæ саразыны хъæппæрис разынд республикæйы адæмон артист Сергей Петросянмæ æмæ Уæрæсейы æфсæддонты ныййарджыты Советмæ
Театрдзауты размæ хаст æрцыд спектакль «Не все коту масленница». Режиссер-æвæрæг у Муриты Алыксандр
Хъæлдзæг испайнаг комеди равдыстой Евгений Вахтанговы номыл Академион уырыссаг театры
Ахуырдзаутимæ аныхас кæнынмæ хуынд æрцыдысты Цæгат Ирыстоны культурæйы министр Фидараты Сослан стæй ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ
Йæ автортæ сты Æхполæтты Æхсарбег æмæ Ульяна Гончарова. Сты бинонтæ. Иумæ цæрынц 20 азæй фылдæр
Архайдтой дзы ирон эстрадæйы стъалытæ, сфæлдыстадон къордтæ, стæй се *нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы чызджытæ æмæ лæппутæ
Баст у Хетæгкаты Къостайы райгуырды 165 азы бонимæ. Архайынц дзы зындгонд литературон архайджытæ Уæрæсейы алы регионтæй. Фестиваль райдыдта сæрмагонд æмбырдæй. Æрныхас дзы кодтой, поэзимæ цы ахсджиаг фарстатæ хауы, уыдоныл. Дзырдтой, ахæм мадзæлттæ аразын цæмæн хъæуы, æмæ рæзгæ фæлтæры хъомыладæн цы пайда хæссынц, уый тыххæй. Конференцийы фæстæ фестивалы архайджытæ æмæ уазджытæ Ирон аргъуаны пантеоны сæвæрдтой дидинджытæ […]
2024-æм азы егъау цауы генералон спонсор уыди Цæгат Ирыстон. Куыд зонæм, афтæмæй ацы аз нæ республикæ бæрæг кæны 3 юбилейы: Ирыстон Уæрæсеимæ баиуы 250 азы, автономон социалистон республикæйы равзæрды 100 азы æмæ Дзæуджыхъæуы 240 азы. Уымæ гæсгæ, кадджын мадзалы бындур баст уыди Ирыстоны национ æууæлтимæ. Арфæйы ныхæстæ финалисттæн загъта Сергей Меняйло. Бузныг загъта конкурсы уæлахиздзаутæн. […]
Фæсивæды ргом национ культурæмæ здахын, мадæлон æвзаг сын уарзын кæнын. Æмæ уыдон æппæт нысантæ не сты. Æххæст та сæ кæны национ фестиваль «Фыдæлты фарн». Ацы аз арæзт æрцыд 7-æм хатт. Йæ байгом кæныны кадджын мадзалы уыд не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ. Афтæ, традицимæ гæсгæ, кувгæйæ, æртæ чъирийы æмæ ирон бæгæныимæ байгом […]
Постановкæйы режиссер æмæ либреттойы автор у – Елена Мариниченко. Сæрмагондæй ссыди Израилæй, цæмæй республикон филиалы труппæйæн сæвæра спектакль. «Алисæ диссæгты бæстæйы» – у балетмейстеры фыццаг егъау куыст Цæгат Ирыстоны. Спектакль æвæрд æрцыд Льюис Керролы уацмысы мотивтæм гæсгæ. Йæ бындуры ис либретто – чызг Алисæйы истори. Уый ацыд Урс Тæрхъусы фæстæ, æмæ бахаудта, диссæгтæй дзаг, алæмæты […]
2021-æм азæй Уæрæсейы фæсивæдæн федералон бюджеты хыгъдæй сæ бон у бæрæг кæнын æппæт бæстæйы равдыстытæ, театртæ, музейтæ, кинозалтæ æмæ ахуырадон лекцитæ. Уæрæсейы культурæйы æмæ нымæцон райрæзты министрадты социалон проект парахатдæр кæны. Цæгат Ирыстоны «Пушкины картæ» сфидар кодтой 44 мин скъоладзау æмæ студентæй фылдæрæн. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ. Уырыссаг академион театры аншлаг. Спектакльмæ бакæсынмæ бирæ адæм […]