Цæуы Стъараполы, æмæ дзы архайы 23 бæстæйы минæвæрттæ.
Хуссар æфсæддон зылды æфсæддон пъæлицæйæгты ахуыргæнæн центры фæзуаты, Сыгъдæг къниаз Дмитрий Донскойы номыл аргъуан цы бынаты уыдзæн, уым кадджын уавæры сæвæрдтой æмæ байгом кодтой номарæн дур. Архайдтой дзы Уæрæсейы Федерацийы хъахъхъæнынады министрады æфсæддон пъæлицæйы сæйраг управленийы хицау, инæлар-лейтенант Владимир Ивановский, Хуссар, Центрон, Ныгулæн æмæ Скæсæйнаг æфсæддон зылдты æмæ Цæгатаг флоты пъæлицæйæгты разамонджытæ. Номарæн дурыл саргъуыдта […]
Демографийы уавæр хуыздæрырдæм аивын, чысыл бизнесы рæзтыл кусын æмæ адæмы царды хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнын. Ахæм амындтытæ абон хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз радта Горæтгæрон районы социалон-экономикон рæзты æмбырды. Бынæттон администрацийы хатдзæгтæ скодтой ивгъуыд азы куыстæн, стæй сæвæрдтой фидæнмæ нысантæ дæр. Сæ сæйраг хæс у экономикæйы рæзтыл кусын. 2018-æм азы Горæтгæрон район бакуыста 400 милуан сомæй фылдæр. […]
Фыццаг æппæтадæмон фестиваль «Кинобарс» фæци йæ куыст. Йæ сæхгæныны кадджын мадзал уыди ирон театры сценæйы. Жюри, йæ сæргъы зындгонд режиссер Сæлбиты Аким снысан кодта уæлахиздзауты. Гран-при райста Борис Акоповы цыбыр киноныв «Рай». Жюрийы сæрмагонд приз саккаг кодтой Елена Нодельæн. Режиссер Дзæуджыхъæумæ ссыди Каннæты кинофестивалæй. Ирон аивадуарджыты размæ рахаста киноныв «Живой товар». Æдæппæтæй «Кинобарс»-ы равдыстой 19 […]
Мæскуыйы цæуы чингуыты фестиваль «Сырх фæзы». Арæзт цæуы фæндзæм хатт. Ацы аз уыдзæн æхсæз боны, кæронбæттæны та сараздзысты, Александр Пушкины райгуырдыл 220 азимæ баст мадзал. Бæстæйы сæйрагдæр фæз «Сырх фæзы» быруйы алыварс равæрдтой чингуытæ. Архайынц дзы куыд зындгонд рауагъдæдтæ, афтæ, ныридæгæн уыцы хъуыддаджы фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, ахæмтæ дæр. Ацы аз фестиваль сарæзтой театры азы […]
Тъæмисчъы цæуы æппæтуæрæсеон инклюзивон фæсивæдон ахуырадон форум «Æнæ арæнтæй». Райдыдта 1-æм июны. Проекты архайы 210 адæймаджы Цæгат Кавказы федералон зылдæй, Санкт-Петербургæй, Калининградæй, Грекъæй, Казахстанæй, Кыргызстанæй, Абхазæй æмæ Хуссар Ирыстонæй. Се хсæн сты, се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы фæсивæд дæр. Фондз боны сын специалисттæ араздзысты ахуырадон тренингтæ, архайджытæ фембæлдзысты æхсæнады минæвæрттимæ, спортсментимæ, артисттимæ. Уымæй уæлдай […]