филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:45 четверг, 28 марта 2024
25 июня 2017, 19:05
Артдзæст. Кировыхъæу

Фарн уæм бадзурæд æмæ уæ алкæйы дæр Хуыцауы арфæ уæд! Нæ дæргъвæтин æмæ цымыдиссаг балцы фæндаг нæ абон æрбакодта Кировыхъæумæ!
Ацы хъæубæстæ кæд нæ республикæйы æрыгондæртæй иу у, уæддæр йæ кады ном канд Ирыстоны, нæ фæлæ æппæт Уæрæсейы дæр хъуыстгонд у. Йæ хъысмæт нывæст у куырыхон æмæ дзырдзæугæ адæмты рухс нæмттæй.
Хохы кæмттæй æрлидзæг адæм цы бынаты æрцардысты,уый хуындис Къардиу. Хъæуы фыццаг цæрджытæй иу, зынгзæрдæ революционер Сихъоты Мишкæ бахаста паддзахадмæ курдиат, цæмæй ацы зæххытæ закъонмæ гæсгæ адæмæн лæвæрд арцыдаиккой, уый тыххæй. Хъæуы фыццаг проект дæр сарæзта йæхæдæг. Сихъойы-фырты проектмæ гæсгæ ма арæзт æрцыдысты Къостайыхъæу, Фарныхъæу æмæ Нартыхъæу дæр. Уымæй уæлдай ма Мишкæ бирæ хæрзты бацыд йæ уарзон æмхъæуккæгтæн. Йæ разамындæй, фæсивæд сарæзтой «Рог кавалери». Уый тынг фæахъаз хæуы цæрджыты фыдбылызтæй хизынæн. Се ххуысæй, хъæуы алфамбылай цыбыр рæстæгмæ сæфт æрцыдысты бæхтæ æмæ хъомтæ давæг абырджыты къордтæ.
Ацы хъæуæн йæ ном ивд æрцыд æртæ хатты. Фыццыг ыл сæвæрдтой цы ран æрбынат кодтой, уый ном-Къардиу. Фæстæдæр ын йæ ном аивтой, æмæ 1937 азмæ хаста Бухарины ном. Стæй йын уæд раттой зындгонд революционер Кировы ном. Уыцы номимæ йæ зонæм абон мах дæр.
Æрлидзæг адæм удаистæй, фæллад æнæзонгæйæ, æвæрдтой бындур сæ ног хъæуæн. Амадтой хæдзæрттæ. Сæ кой сæ мæт уыд рæвдздæр æрбынæттон уæвын æмæ рæзгæ фæлтæн хуыздæр амæлттæ саразын.
Цалдæр азы хъæуы скъола нæ уыд. 1923-æм азы Сихъоты Мишка æмæ йе мцæдисонтæ зиу ракодтой æмæ цыбыр рæстæгмæ самандурæй чысыл скъола ацамадтой. Фæлæ йæ агъуыст хъæуы æппæт сабитæн къаннæг кæй уыд, уымæ гæсгæ дзы алы хæдзарæй дæр ахуыр кодта æрмæстдæр иу 8 азы кæуыл цыд ахæм сывæллон.
Ацы хæрз чысыл рагон скъолайы къæсæрæй сæ царды уæрæх фæндагыл фыццаг къахдзæфтæ акодтой зындгонд ахуыргæндтæ техникон наукæты доктортæ Ногъайты Хасан,Баллаты Таймураз, Туаты Мурат. Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй дзы куыста Багаты Лади.
Афтæмæй уæрæх къахдзæфтæ гæнгæйæ, Кирæвыхъæу рухс фидæнмæ тырныдта! Йæ адæм- фæллойуарзаг, æнæзивæг æмæ æрдзон курдиæттæй хайджын. Ацы хъæуккаг хуымæтæг лæг Туаты Хадзымæт, æдæппæтæй цыппар къласы фæугæйæ, сарæзта йæ хъæубæстæйæн электостанци æмæ куырой.
Кировы хъæуы фыццаг уыд дыууæ къохозы «Индустрия» æмæ Хетæгкаты Къостайы ном хæссæг къолхоз. Фæстæдæр баиу сты æмæ сæ фæллойгæнджыты бæркæдтæ дæр фæдывæр сты.
Кировыхъæуккæгтæ сæрбæрзонд сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырдзинад чи равдыста, хæсты гуылфæнты чи архайдта æмæ стыр хæстон раздзогтимæ æмдзу чи кодта, уыдонæй: булкъонтæ Мамиаты Бибойы фырт Естъа, Туаты Петрос, Хъайтмазты Сæрæбийы фырт Георги, дæлбулкъон Мурасты Сардойы фырт Виссарион. Сæ хъæбатырдзинад айхъуыст Козаты фондз æфсымæрæн дæр. «Синел æрбакодта Ирон чызг» Кирæвы хъæуæй хæсты быдырмæ ацыд аст чызджы æмæ фыдыбæстæйы арв знагæй хъахъхъæдтой.
«Цæй диссаг у йæ тавиц!
Куыд фæлмæл у йæ рухс!
Нæсых йæ быны бадынц,
Йæхицæй та ныббуц.
Фæрныг бæлас – æнусон –
Мысинæгты къæбиц.
Цы сусхъæд у, цы урс зæд-
Нæ и сæмæ нæ биц!»
Ис Кирæвыхъæуы Сталины номыл уынджы 100 азыдзыд сусхъæд бæлас. Уый хуымæтæджы бæлас нæу. Тæхуды, æмæ дзурын куы зонид, цас мысинæгтæ æмæ сусæгдзинæдтæ раргом кæнид ныры фæлтæрæн!
Арæх æнæхъæн хъæубæстæйы цардыуаг æмæ удхъомыс банкъанрæн фаг вæййы хицæн бинонтæ кæнæ хицæн адæймагимæ базонгæ уæвын. Кировы хъæуы ис, ног фæлтæртæн дæнцæгæн хæссинаг чи баззад, ахæм хæдзар. Гаджиты Витя æмæ Бырнацты Нинæйы бинонтæ. Витя æмæ Нинæ кæд ныртæккæ не хсæн нал сты, уæддæр сæ кады ном се мхъæуккæгтæн у зæрдылдаринаг. Зындзинæдтæ нæхынцгæйæ, ирондзинад æмæ æгъдау сæ кæстæртæн фæдзæхсгæйæ æрвыстой сæ царды бонтæ. Витæ æмæ Нинæйæн рацыд æхсæрдæс кæстæры: дæс лæппуйы æмæ æхсæз чызджы. Уымæ гæсгæ Нинæ хорзæхгонд æрцыд Советон Цæдисы кадджындæр хæрзиуджытæй, уыдонимæ – майдан «Материнская слава»,фæстæдæр та ма йын саккаг кодтой «Хъæбатыры ныййарæджы» кадджын ном. Витя-фæллойуарзаг адæймаг, æхсæвæй – бонæй куыста къолхозы, архайдта цæмæй йæ бирæ бинонтæ хъуаг ма цæмæй æййафой. Йæхæдæг сидзæрæй схъомыл, æртындæсазыдзыдæй баззад æнæ фыдæй æмæ йын уымæ гæсгæ зонгæ уыдысты царды зын фæлварæнтæ. Уæдæ Нинæйы аккаг ныхæстæ ссарын дæр зын у. Æхсæрдæс хъæбулы схъомыл кодта, се ппæты дæр царды рæствæндагыл сæвæрдта æмæ абон йæ кæстæртæ æмæ уыдоны кæстæртæ дæр сты канд Гаджиты мыггаджы нæ, фæлæ æнæхъæн хъæубæстæйы сæрыстæрдзинады хос. Витя æмæ Нинæйы хъæбултæй иу Гаджиты Фатимæ у хъуыстгонд зарджытæ фыссæг поэт.
2010 азы бындурон цалцæджы фæстæ байгом Кировыхъæуы клуб. Ныртæккæ уый дæтты фадат сæ уæгъд рæстæг пайдаимæ арвитынæн.
Бирæ хæрзты бацыд ацы чысыл хъæубæстæ Ирыстонæн. Кирæвыхъæуы райгуырдысты Цæгат Ирыстоны Сгуыхт дохтыр Мурасты Махар, инженер-дæлбулкъон, Космодром Байконуры сæрмагонд хайады сæргълæууæг Моурауты Георги, скульптор Джанайты Руслан,Уæрæсæйы фæдæрацийы сгуыхт артист Суанты Федыр, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Дзугаты-Мурасты Римма æмæ бирæ æндæр дзырддзæугæ адæм. Алчи дæр сæ у сæрмагонд ныхасы аккаг. Хъыгагæн нæ равдысты рæстæг уый бæрц нæ амоны æмæ ныл сæ зæрдæтæ ма фæхудæнт!
Æрфæны фæдау, рухс фидæнмæ рæствæндаг амонæг сты Кирæвыхъæуы рæзгæ фæлтæрæн сæ куырыхон хистæрты нæмттæ. Æмæ нæ уырны,фидæны дæр ацы хъæубæстæйы кады ном дæрттыл кæй нæрдзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania