филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:04 четверг, 25 апреля 2024
15 ноября 2018, 18:00
Дзуринæгтæ. Хъыргъуты Георгийы
Ацы аз 90 азы сæххæст уыдаид Хъыргъуты Георгийы фырт Сократыл – Дыгургомы, стæй æнæхъæн Цæгат Ирыстоны дæр нымад æмæ кадджындæр лæгтæй сæ иуыл. Хъыргъуты Георгийы фырт Сократ фыццаджыдæр зындгонд у куыд номдзыд ахуыргæнæг.

Ацы аз 90 азы сæххæст уыдаид Хъыргъуты Георгийы
фырт Сократыл – Дыгургомы, стæй æнæхъæн Цæгат Ирыстоны дæр нымад æмæ кадджындæр
лæгтæй сæ иуыл.
Хъыргъуты Георгийы фырт Сократ фыццаджыдæр зындгонд
у куыд номдзыд ахуыргæнæг. Астæуккаг скъолайы фæстæ каст фæци Цæгат Ирыстоны
паддзахадон педагогон институт. Физикæ- математикæйы факультет. Кусын райдыдта Æрæфы
районы Æхсæрисары хъæуы астæуккаг скъолайы: ахуыргæнæгæй, ахуыры хайады сæргълæууæгæй,
директорæй. Куыста ма хъæусоветы сæрдарæй æмæ ам дæр йæ къухы бафтыд бирæ хæрзиуæгон
хъуыддæгтæ. Скъолайы та æдæппæтæй бакуыста 49 азы. Йæ иузæрдион куысты тыххæй йын
саккаг кодтой «Уæрæсейы Федерацийы ахуырады кадджын кусæджы» ном. Абон Æхсæрысæры
астæуккаг скъола кадджынæй хæссы Хъыргъуты Сократы ном.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania