филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:35 суббота, 20 апреля 2024
13 августа 2019, 16:27
Не ‘взаг- сæ хæзна. Умужаз Умаева

Æрыгон хъуымыхъхъаг  чызг  Умужаз  Умаева, йæ ныййарджыты фæндоны сæрты ахизгæйæ, йæ цард сбаста ирон лæппу- Кусурты Юриимæ. Уый тыххæй йын Дагестанмæ, йæ фыды хæдзармæ,  бирæ азты фæндаг нал уыд. Цалынмæ æнахъом сабитимæ идæдзæй нæ баззад, уæдмæ. Фæлæ Умужаз йæ къухтæ дæлæмæ не руагъта.  Ацы фæлмæн,  уæздан сылгоймаг уды хъæдæй разынд æмбисонды фидар. Ныббыхста царды æпппæт зындзинæдтæн дæр. Куыста дысфæлдæхтæй, лæггад кодта йæ зæронд æфсинæн. Йæ сидзæр сывæллæттæн уыд мад æмæ фыды бæсты дæр. Афтæмæй сæ ракодта адæмы рæгъмæ. Абон йæ цотæй, Марат æмæ Фатимæйæ,  сæрыстыр у æгас мыггаг. Умужазы та нымайынц  Кусурты, стæй Змейкæйы хъæубæсты кадджындæр сылгоймæгтæй иуыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania